19 февраля 2013, 10:54
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы тыхсын кæны æнæзакъон парковкæты уавæр
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы тыхсын кæны æнæзакъон парковкæты уавæр. Арæх шофыртæ сæ машинæтæ ныууадзынц автобусты æрлæууæнтыл. Æмæ кæд ивары бæрц чысыл нæу – 1 мин сомы, уæддæр закъонхалджыты нымæц фылдæр кæны.
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы тыхсын кæны æнæзакъон парковкæты уавæр. Арæх шофыртæ сæ машинæтæ ныууадзынц автобусты æрлæууæнтыл. Æмæ кæд ивары бæрц чысыл нæу – 1 мин сомы, уæддæр закъонхалджыты нымæц фылдæр кæны. Иу лыггæнинаг фарста та ма уый у, æмæ æрлæууæнты бынæтты аразынц дуканитæ æмæ кафетæ. Маршрутон такситæ æмæ автобустæ кæм æрлæууой, уый сын нæ вæййы, æмæ уымæ гæсгæ адæм рацæуынц фæндагмæ. Уый та сæвзæрын кæны фæндаггон фыдбылызтæ. Зæгъæм, уæлдай тæссаг сты Барбашовы æмæ Доваторы уынгтæ.
Гагиаты Алексей, Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы инспектор: «Фæнды мæ горæты администрацимæ фæсидын, цæмæй æрлæууæнты бынæтты кафетæ æмæ ресторантæ аразынæн бардæттæг гæххæттытæ ма детой. Кæд сæ дæттой, уæд та дзы цæмæй цы адæм сæм цæуой, уыдонæн уа æрлæууæн бынæттæ сæрмагонд бынæттимæ, æмæ уым æвæрой сæ машинæтæ».
темæмæ гæсгæ




