филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:58 пятница, 03 апреля 2026
20 февраля 2013, 17:12
Фæндæгтыл цæуыны фæтк хæлд кæй цæуы, уый тыххæй ныхас цыд Хицауадон къамисы æмбырды

119 фæндаггон фыдбылызы фистæгæйцæуджыты архайдимæ фарон æрцыд Дзæуджыхъæуы. Фæмард дзы 13 адæймаджы.

119 фæндаггон фыдбылызы фистæгæйцæуджыты архайдимæ фарон æрцыд Дзæуджыхъæуы. Фæмард дзы 13 адæймаджы.

Фæндæгтыл цæуыны фæтк хæлд кæй цæуы, уый тыххæй ныхас цыд Хицауадон къамисы æмбырды. Ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг Тотраты Владислав йæ доклады радзырдта, шофырты чи цæттæ кæны, уыцы ахуыргæнæндæтты куысты тыххæй. Иу дæр сæ æппæт домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Рахаста хъуыды, цæмæй сæ бæрæг кæной Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекциимæ иумæ. Æмæ уый фæстæ хаст цæудзæн уынаффæ, уыцы ахуыргæнæндоны архайды тыххæй. Къамисы сæрдар Зæнгионты Виталий куыд загъта, афтæмæй арæх фæндаггон фыдбылызтæ æрцæуынц фистæгæйцæуджытæн сæхи аххосæй.

Зæнгионты Виталий, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг, фæндæгты æдасдзинады хицауадон къамисы сæрдар: «Сарæзтой рæсугъд фæндæгтæ, сцалцæг кодтой фæндаджы сæрты ахизæнтæ, фæлæ сæм ничи цæуы. Хистæрæй, кæстæрæй, рахизынц уыдоны сæрты, схизынц уыцы бордюртæм. Афтид сæхæдæг нæ, фæлæ ма сæ кæстæрты къухыл дæр ныххæцынц, æмæ сæ машинæты бынмæ æппарынц. Сидын адæммæ, ма кæнут афтæ, уæ кæстæртæн дæр амонут. Цы фадæттæ кæнынц æдасдзинады тыххæй, уыдоныл сымах дæр кусут».

Æмбырды ма ныхас цыд, фæндæгтыл æдасдзинады фарстатæ парахатгонд куыд цæуынц дзыллон информацион фæрæзты, ууыл. Йæ доклады паддзахадон телерадиокомпанийы директор Хъуысаты Тимур фæсидт Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцимæ, мидхъуддæгты, стæй æнæнхъæлæджы цауты министрадтæм æнгомдæр æмгуыстад кæнынмæ. Уымæн æмæ арæх журналисттæн афоныл æнæнхъæлæджы цауы тыххæй радзурыны фадат нæ вæййы. Хъуысаты Тимур ма рахаста фæндон, фæндаггон фыдбылызты тыххæй чи дзура, ахæм сæрмагонд программæ саразыны тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania