29 ноября 2013, 11:20
Фæндаггон æгъдæуттæ фехалыны тыххæй 10 мæймæ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд 500 мин административон хъуыддагæй фылдæр
Фæндаггон фыдбылызтæ æрцыд æхсæз сæдæ нæуæдз аст, уыдонæй фистæгæйцæуджыты аххосæй æрцыд 90 фыдбылызы. Уый тыххæй журналисттимæ фембæлды фехъусын кодта фæндæгтыл
Фæндаггон фыдбылызтæ æрцыд æхсæз сæдæ нæуæдз аст, уыдонæй фистæгæйцæуджыты аххосæй æрцыд 90 фыдбылызы. Уый тыххæй журналисттимæ фембæлды фехъусын кодта фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы сæргълæууæг Беккуызарты Хасанбег. Фыдбылызты аххосæгтæ арæхдæр вæййынц, шофыртæ машинæтæ æгæр тагъд кæй фескъæрынц, стæй нозтджын кæй вæййынц, уый. Æгъдаухæлдтыты фылдæр хай сбæрæг кодта сæрмагонд видеоаппартурæ.

темæмæ гæсгæ