Ивгъуыд хуыцаубоны федералон фæндаг «Кавказ»-ы 541-æм км Зилгæмæ хæстæг кæрæдзийы скъуырдтой «КАМАЗ» æмæ «Жигули».
Паддзахадон автоинспекцийы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ фæндаггон фыдбылызы фæмард сты рог хæдтулгæйы шофыр æмæ 3 бæлццоны.

Аххосджын у «Жигули»-йы шофыр. Рахызт фæндаджы иннæ фарсмæ æмæ «КАМАЗ»-æн фæндаг нæ радта.
Иу фæндаггон фыдбылыз ма æрцыд Беслæны. «Фольксваген»-ы 39 азыдзыд шофыр скъуырдта ацæргæ нæлгоймаджы, йæхæдæг фыдбылызы бынатæй алыгъд. Цыбыр рæстæгмæ йæ пъæлицæйы кусджытæ баурæдтой. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ шофыр уыд нозтджын.
Ацæргæ нæлгоймаджы уæззау цæфтимæ баластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтырты бон ницыуал баци.