филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:09 вторник, 16 декабря 2025
13 марта 2014, 17:21
Фæсарæйнаг машинæтыл чи цæуы, уыцы шофыртæ дæр хъуамæ æххæст кæной уæрæсейаг закъонтæ

Фæсарæйнаг номыртæ кæмæн ис, уыцы машинæтæн сæ фылдæр тар æвгтимæ кæй сты, уый Цæгат Ирыстоны депутаттæм раст нæ кæсы.

Ууыл абон ныхас кодтой Парламенты Советы æмбырды. Депутаттæ æркастысты федералон хицауадмæ курдиатмæ. Парламентаритæ бахастой, æрдзхъахъхъæныны хъуыддаджы видеокамерæтæй пайда кæныны тыххæй фæндон. Авторты хъуыдымæ гæсгæ, техникон фæрæзты рауаджы закъонхалджыты æнцондæр рабæрæг кæнæн уыдзæн, аххосджынты та бафхæрын.

Æмбæрды кæрон Касаты Таймураз парламентаритæн загъта бузныджы ныхæстæ Дайраны æвзарæн зылды цæрджыты номæй, Южныйы поселочы энергидæттыны куыст кæй банывыл кодтой, уый тыххæй. Куыд ма хъуысын кодтам, афтæмæй поселокмæ цы энерги цыд, уый 180 вольтмæ дæр нæ хæццæ кодта. Æмбырды ма æркастысты æндæр фарстатæм дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania