23 апреля 2014, 16:46
Фæсивæдæн куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста уыдзæн сæйрагдæр Парламенты радон æмбырды
Сессийы боны фæткыл æрныхас кодтой абон парламенты советы. Фыццаг бакастмæ бацæттæ кодтой «Лæвар юридикон æххуысы» æмæ «Сидзæр сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн
Сессийы боны фæткыл æрныхас кодтой абон парламенты советы. Фыццаг бакастмæ бацæттæ кодтой «Лæвар юридикон æххуысы» æмæ «Сидзæр сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн гарантиты» тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ. Уымæй дарддæр депутаттæ ныхас кæндзысты Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты стратегийыл 2025-æм азмæ. Æркастысты федералон хъæппæристæм дæр. Хорзыл банымадтой Уголовон кодексы статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыды. Рахæцыдысты ма Сахалины облæсты депутатты фарс. Уыдон фæнд кæнынц Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрмæ курдиат ныффыссын. Цæмæй фæтæргъвæтиндæр кæна коммуналон лæггæдты фиддонтæн субсидиты æмгъуыд. Уымæн æмæ инвалидты æмæ пенсиисджыты æхсæз мæйæ-æхсæз мæймæ бахъæуы ногæй гæххæттытæ æмбырд кæнын.
темæмæ гæсгæ




