филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:03 понедельник, 13 мая 2024
07 марта 2013, 14:36
Фæсивæдон театр «Амыран»-ы артисттæ цалдæр боны размæ уыдысты гастрольты Бетъырбух æмæ Мæскуыйы

Ирон адæмæй ацы горæтты чи цæры, уыдонимæ фембæлд сын сарæзта нæ республикæйы иудадзыгон минæварад Уæрæсейы Президенты цур. Концерттæ рауадысты ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ.

Фæсивæдон театр «Амыран»-ы артисттæ цалдæр боны размæ уыдысты гастрольты Бетъырбух æмæ Мæскуыйы. Ирон адæмæй ацы горæтты чи цæры, уыдонимæ фембæлд сын сарæзта нæ республикæйы иудадзыгон минæварад Уæрæсейы Президенты цур. Концерттæ рауадысты ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Æрбацæуджытæ куыд загътой, афтæмæй артистты курдиаты руаджы уазæгуаты æрбафтыдысты сæ фыдыуæзæгмæ.

«Амыран» ахызт республикæйы арæнты сæрты. Ахæм хорзæх бирæты къухы нæ бафты, фæлæ ацы фæсивæд йæ аккаг раджы систы. Цыргъзонд, æрхъуыдыджын æмæ хаттæй-хатт къæйных дзырды фæрцы сæхи бауарзын кодтой адæмæн. Æмæ сæ кæд нæ республикæйы алчидæр зоны, уæд нæ бæстæйы стырдæр горæтты уыйас арæх нæ вæййынц уазæгуаты.

Уыцы рæдыд ныр сраст ис Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны иудадзыгон минæварады хъæппæрисæй. Æрыгон артисттæ абалц кодтой Бетъырбух æмæ Мæскуымæ. Сценæмæ фыццаг ракъахдзæфæй дæр бæрæг уыд, стыр æнтыст сæм кæй æнхъæлмæ кæсы.

Цы Бетъырбухы, цы Мæскуыйы… Залы адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Ахуыр сты ирон адæм сæ фæсивæдмæ дзырдæппарæнтæ кæныныл, ома, нæ бæззынц, зæгъгæ. Уый æрмæст абоны миниуæг нæу, æнусты размæ дæр афтæ уыд. Фæлæ адæмæн сæ фылдæр уыдысты кæстæртæ æмæ уый уæлдай æхсызгон уыдис.

Персаты Альбинæ, Бетъырбухы цæрæг ирон фæсивæды Советы сæрдар: «Тынг æхсызгон у махæн, абон нæм ацы фæсивæд кæй фæзындысты. Фыццаг хатт сæ федтон, мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Уырны мæ, æрмæст мæнæн нæ!»

Мæскуыйы концерт уыдис уалдзæджы фыццаг бон. Æвæццæгæн, Хуыцауы афтæ бафæндыд, цæмæй уалдзыгон хуры тынау фæсивæды курдиат барухс кæна мæскуыйаг ирæтты зæрдæтæ дæр. Бакæсынмæ сæм æрбацыдысты нæ зындгонд ахуыргæндтæ, æхсæнады кусджытæ, студенттæ. Залы ма, суанг иронау чи не `мбæрста, ахæмтæ дæр разынд. Уæвгæ, зæгъынц, аивады æвзаг тæлмац кæнын нæ хъæуы, уый та ацы изæры тынг бæрæг уыд.
   
Йæ цард культурæ æмæ сфæлдыстадимæ чи сбаста æмæ дзы стыр уæлахизтæм чи схызт, уыдон та фæсивæдмæ кастысты фæлварæджы цæстæй. Цы аргъ сын скодтой, уый сын фæахъаз уыдзæн ног бæрзæндтæм тырнынæн.

Сæлбиты Аким, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, режиссер: «Фæсивæд цы `вдисынц, ууыл æрмæст худын нæ хъæуы. Сагъæссаг хъуыддæгтæ дæр дзы ис. Бирæтæ суанг сæхи дæр фендзысты иуæй-иу сурæтты».

Ахæм фембæлдтæ хъуамæ ныр арæхдæр уой. Уæрæсейы Президенты цур нæ республикæйы иудадзыгон минæвар Мæхъиты Зураб куыд загъта, афтæмæй «Амыран»-имæ ныр кусдзысты ноджы æнгомдæрæй. Ирон адæм канд Мæскуы æмæ Бетъырбухы нæ цæрынц æмæ рæхджы уыдон дæр базонгæ уыдзысты фæсивæды дæсныйадимæ.

Мæхъиты Зураб, УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы иудадзыгон минæвар: «Не `мфыдыбæстæгтæ хъуамæ уыной ацы фæсивæды сфæлдыстад. Уымæ гæсгæ мах, æнæмæнг, кусдзыстæм ууыл, цæмæй сæ гастрольтæ ацæуой Уæрæсейы æндæр горæтты дæр».

Лазарты Таймураз, театр «Амыран»-ы аивадон разамонæг: «Махæн æхсызгон у, адæмы зæрдæ нæ кæй агуры, уый. Нæ сæйраг хæс у ирон адæмы иудзинадыл кусын. Уый тыххæй та канд Ирыстоны нæ хъæуы кусын, фæлæ ирон адæм кæмдæриддæр цæрынц, уым».

Фæсивæд кæд бафæлладысты, уæддæр сæ зæрдæтæ ацы концерттæй рухс уыдысты.     Сæхи бауарзын кодтой, фыццаг хатт сæ сценæйыл чи федта, уыдонæн. Сфæлдыстадон адæймагæн та уый йе стырдæр хорзæх у. Уый йын йæ тыхыл тых æфтауы, кæны йæ ноджы разæнгарддæр ног аивадон уæлахизтæм. Æнæмæнг, «Амыран»-ы къухы æфтдзысты дарддæр дæр.

Хъулаты Юрий

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania