30 июня 2014, 11:26
Фæсивæды риссагдæр фарстатыл æрныхас кæныны тыххæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æмбырд
Архайдтой дзы республикæйы æхсæнадон организациты, фæсивæдон парламенты æмæ æрыгон фæлтæры минæвæрттæ. Фембæлды архайджытæн раарфæ кодта Хицауады сæрдар Такъоты Сергей.
Архайдтой дзы республикæйы æхсæнадон организациты, фæсивæдон парламенты æмæ æрыгон фæлтæры минæвæрттæ. Фембæлды архайджытæн раарфæ кодта Хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Æмбырды дзырдтой, республикæйы фæсивæдон змæлды æмæ политикæйы рæзтыл. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы къабазмæ Цæгат Ирыстоны стыр æргом здæхт цæуы, фæлæ фæсивæдон иугондтæ фаг æмгуыстад нæ кæнынц.
Къораты Жаннæ, РЦИ-Аланийы фæсивæдон Парламенты уæнг: «Æрбамбырд стæм уый тыххæй, цæмæй абон нæ алыварс цы хъуыддæгтæ цæуы, цы фæрстытæ нæм ис, уыдонæн радтæм дзуапп. Хъæуы нæ размæ цæуын, цæмæй нæ Хицауад дæр нæм лæмбынæгдæр кæса, цæмæй нын фылдæр фадат уа хи равдисынæн».
темæмæ гæсгæ




