филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 вторник, 16 декабря 2025
12 марта 2014, 11:07
Фæскомцæдисон паркмæ зиумæ рацыдысты ЦИПУйы студентæ

Æнæфснайд уынгтæ æмæ парктæ. Мит атад æмæ хъыгагæн, Дзæуджыхъæуы уынгты чъизидзинад разынд. Фæлæ афæдзы алы афон дæр Фæскомцæдисон парчы вæййы бирæ адæм.

Фæскомцæдисон паркмæ зиумæ рацыдысты ЦИПУйы студентæ
Æнæфснайд уынгтæ æмæ парктæ. Мит атад æмæ хъыгагæн, Дзæуджыхъæуы уынгты чъизидзинад разынд. Фæлæ афæдзы алы афон дæр Фæскомцæдисон парчы вæййы бирæ адæм. Иутæ сæ сывæллæттимæ æрбацæуынц, иннæтæ та сæ фæллад саудзынмæ. Ныртæккæ парк университеты бæрны нал ис, фæлæ дзы уæддæр арæзт æрцыд зиу. Бафснайынмæ йæм æрбацыдысты студенттæ. Куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй иу бонмæ парк бафснайын зын у. Уымæ гæсгæ ахæм зиутæ уыдзысты цалдæр хатты.

Цыфæнды адæймагæн дæр æхсызгон у, зæрдæмæдзæугæ ран фæллад уадзын. Æмæ чи æрдзы хъæбысмæ ацæуы, чи та горæты агуры фæлладуадзæн бынæттæ.

Афæдзы алы афон дæр Фæскомцæдисон парчы вæййы бирæ адæм. Иутæ сæ сывæллæттимæ æрбацæуынц, чи спортæй архайынмæ, чи та йæ фæллад саудзынмæ. Фæлæ алыварс акæсгæйæ, зæрдæ сриссы.

Парк бырæтты бын фæци. Мит атади æмæ разынд фароны сыфтæр, миты бын цы бырон уыди, уый саст къалиутæ æмæ афтæ дарддæр. Авджы сæстытæ, тамакотæ, бырæттимæ дзæкъултæ бæлæстыл ауыгъд. Бадæн бынæтты фарсмæ та æрлæууæн дæр нæй.

Парчы цы арæзтад цæуы, уый дæр фæзуат хуыздæр не вдисы. Йæ алыварс цы фистæгцæуджыты æмæ къахвæндæгтæ ис, уыдон цъыфæй нал зынынц.

Раздæр парк уыд ЦИПУ-йы бæрны æмæ йæ `фснайдтой студенттæ. Ныртæккæ университеты разамынд куыд æмбарын кæны, афтæмæй гæххæттытæ радтой Уæрæсейы исбонады министрадмæ æмæ хæстæгдæр рæстæг парк уыдзæн Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны.

Батырты Аслан, ЦИПУ-йы ректоры æххуысгæнæг: «Кæд парк ныртæккæ мах бæрны нал ис, уæддæр æм куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсæм. Университет арæх саразы зиутæ æмæ иууылдæр иумæ рацæуæм парк æфснайынмæ. Архайæм, цæмæй дзы сыгъдæг уа, ууыл. Ныр фæхъарм, мит атад æмæ æппæт хъæндзинæдтæ æмæ æфснаинæгтæ разындысты. Æмæ та рахастам уынаффæ, хæстæгдæр рæстæг саразын сыгъдæгдзинады акци æмæ бафснайын парк».

Сæ ныхасæн хицæуттæ разындысты. Ацы бонты æвдисæн уыдыстæм студентты зиуæн. Куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй иу бонмæ парк бафснайын зын у. Уымæ гæсгæ ахæм зиутæ уыдзысты цалдæр хатты.

Парк горæты администрацийы бæрны кæд уыдзæн, уый нырма бæрæг нæу. Чи йæм цæст дардзæн æмæ йæм куыд зилдзысты, уый сбæрæг уыдзæн фæстæдæр. Уæдмæ та студæнттæ фидарæй зæрдæ æвæрынц, парк кæй æфснайдзысты, уымæй. Фæлæ æрмæст студентты хъарутæй уый зын скæнæн у.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania