филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:28 вторник, 16 декабря 2025
18 августа 2014, 11:49
Фæстаг бонты уæлдæфы температурæ у тынг бæрзонд

Абон Дзæуджыхъæуы уæлдæфы температурæ уыд 37 градусы. Уæлдæр бæрæггæнæн уыд Мæздæджы – 38 градусы. Ахæм боныхъæд æппæтæй тæвддæрыл нымад нæу, зæгъынц синоптиктæ.

73762

Абон Дзæуджыхъæуы уæлдæфы температурæ уыд 37 градусы. Уæлдæр бæрæггæнæн уыд Мæздæджы – 38 градусы. Ахæм боныхъæд æппæтæй тæвддæрыл нымад нæу, зæгъынц синоптиктæ. Амæй тæвддæр бонтæ Цæгат Ирыстоны уыд 2006-æм азы. Уæд Мæздæджы районы термометр схызт 43 градусмæ. Райсом хъуамæ боныхъæд аива, æмæ тæвд фæсæтта.
Хи æруазал кæнынæн ацы лæппутæ сæхи найынц фонтанты. Афтæмæй 40 градусы тæвдæн дæр æнцонæй бафæразæн ис. Судзгæ хурæй адæм сæхи хъахъхъæнынц, кæмæй йæ бон куыд у, афтæ. Ныртæккæ фæлладуадзæн бынæттæ, уæлдай дæр та донмæ хæстæг чи уыдон сты дзаг. Дзæуджыхъæуы доны станцæймæ дæр улæфынмæ æрбацыдысты стырæй, чысылæй.
Цоколаты Георгий, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Æз ардæм æрбацæуын, тынг хорз дзы у, суадоны дон дзы ис, уæлдайдæр та ацы тæвды, уымæй мА хуыздæр цы хъуамæ уа».
Фæстаг 5 боны республикæйы æппæт районты дæр у тынг тæвд. Уый у, Уæрæсейы центрон районтæй Цæгат Кавказмæ цы антициклон æрцыд, уый аххосæй, æмбарын кæнынц Гидрометцентры. Уæлдæфы температурæ схизы 35-37 градусмæ.
Яна Галицина, Цæгат-Ирыстоны Гидрометцентры синоптик: «Абонæй фæстæмæ боныхъæд аивдзæн. Республикæйы тæвд фæсæтдзæн. Уæлдæфы температурæ уыд 30-35 градусы, Мæздæджы та 38 градусы. Ныр та темпрературæ уыдзæн цас æмбæлы, уыййас. Æхсæвы 16-21 градусы, бонæй та – 27-32 градусы».
Синоптиктæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ ахæм боныхъæд августы тынг тæвдыл нымад нæу. Зæгъæм, 2006-æм азы гидрометеорологтæ куыд бæрæг кодтой, афтæмæй уæлдæфы температурæ уыд 38 градусы, Мæздæджы районы та хæццæ кодта суанг 43 градусмæ.
Æппæтæй зындæр ахæм тæвд бонты у зæрдæйы æмæ тугдадзинты низæй чи хъæрзы, стæй сæкæрниз кæмæ ис, уыдонæн. Ацæргæ адæмæй уæлдай зæрдæ хсаинаг сты бынтон чысыл сабитæ дæр.
Кæд иу къуырийы размæ тагъд медицинон æххуысы станцæмæ суткæйы дæргъы æрбадзырдтой 300 адæймаджы бæрц, уæд ныр уыдоны нымæц фæфылдæр 330-ы онг. Æппæтæй тынгдæр ахæм боныхъæд фæзыны хистæр кары адæмы æнæниздзинадыл. Æмæ дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаджыдæр хъæуы се ххуыс бацагурын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania