06 марта 2018, 18:10
«Фæстауæрцгæнæг хицауад» хъуамæ суа æххæстгæнæнæг хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады сæйрагдæр нысан
Уый тыххæй Битарты Вячеслав фехъусын кодта министртимæ, комитетты разамонджытимæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытимæ æрвылмæйон æмбырды.
«Фæстауæрцгæнæг хицауад» хъуамæ суа æххæстгæнæнæг хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады сæйрагдæр нысан.
Уый тыххæй Битарты Вячеслав фехъусын кодта министртимæ, комитетты разамонджытимæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытимæ æрвылмæйон æмбырды. Царды цы проекттæ хъуамæ уагъд æрцæуой, уыдон баст сты ахадгæ куыстимæ. Ома, хъуамæ ахадгæ фæстауæрцгонд цæуой рæстæг, хомаг æмæ фæрæзтæ. Уыимæ фæллойгæнджыты куыст аразын, хорз уавæртæ хынцгæйæ. Проектты тыххæй республикæйы разамонæгæн алы бон дæр хъуамæ доклад кæной бæрнон кусджытæ. Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты ахсджиаг социалон объекттæ. Ныр сæйраг нысан у, цæмæй иууылдæр кусой æнæкъуылымпытæй. Битарты Вячеслав фиппаинæгтæ бахаста культурæйы министрады æмæ Горæтгæрон районы бынæттон администрацийы куыстмæ. Бæлвырддæр дзургæйæ та, æрæджы Михайловскæйы кадджын уавæры байгом кодтой культурæйы хæдзар, афтæмæй ныр дæр нæма кусы. Уымæй дарддæр республикæйы разамонæг районты сæргълæуджытæй бадомдта, зæххы хæйттæ радих кæнын, куысты бынæттæ чи аразы, æмæ бинонтæ дарын кæй фæнды, уыдонæн. Экономикон рæзты министрадæн та бахæс кодта сæрмагонд программæ скæнын. Уымæ гæсгæ дæтдзысты субсидитæ 200 мин сомы, чысыл бизнесæн æххуыс кæныны тыххæй. Паддзахадон исбоны министрадæн та бахæс кодта зæххытæн ног кадастрон аргъ снысан кæнын. Æмбырды ма ныхас цыд, республикæйы 5 районы цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ æххæст кæныныл. Хъуамæ ног цæрæнбынæттæ райсой ацы азы 1-æм ноябрмæ. Хъæууон хæдзарады министрадæн та бабар кодта уалдзыгон-быдырон куыстытæм бацæттæ кæнын. Стыр æргом аздæхтой ахсджиаг объектты арæзтадмæ æмæ рацарæзтмæ. Битарты Вячеслав загъта, хъуамæ æппæт куыстытæ конд æрцæуой нысангонд æмгъуыдмæ.
темæмæ гæсгæ




