Фæззæджы хус рæстæг кæй хæссы, уый æвзæрырдæм зыны Хъобангомы хъæдыл. Сарæх дзы сты зынгсирвæзтытæ. Ныридæгæн дзы басыгъд 2000 гектары. Фыццаг зынгсирвæзт дзы æрцыд æртæ боны размæ.
Фæззæджы хус рæстæг кæй хæссы, уый
æвзæрырдæм зыны Хъобангомы хъæдыл. Сарæх дзы сты зынгсирвæзтытæ.
Ныридæгæн дзы басыгъд 2000 гектары. Фыццаг зынгсирвæзт дзы æрцыд æртæ
боны размæ. Арт ахуыссын кæныныл бацархайдтой республикæйы хъæды æмæ
цуанæтты хæдзарады кусджытæ.
Цæмæй арт дарддæр ма апырх уа, уый
тыххæй сарæзтой сæрмагонд мадзæлттæ. Зынгсирвæзты аххосаг бæрæг нæу.
Иуты хъуыдымæ гæсгæ, хъæууонхæдзарадон кусджытæ арт бандзæрстой, хос кæм
фæкæрдынц, уыцы фæзуæттыл, æмæ, зæххыл цы хус сыфтæртæ уыдис, уыдон дæр
ссыгъдысты. Ацы бынæтты- иу раздæр хызтызты хъæддаг хуытæ æмæ æндæр
сырдтæ, фæлæ ныр сæ хæринаг басыгъд, æмæ сæ уавæр куыд уыдзæн, уый зын
зæгъæн у.




