Боныхъæд къаддæр зиан кæмæн æрхаста, уыдон та райсдзысты фæйнæ 50 мин сомы
Фæйнæ 100 мин сомы бафиддзысты, тæрккъæвдатæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы хæдзæртты хицæуттæн. Боныхъæд къаддæр зиан кæмæн æрхаста, уыдон та райсдзысты фæйнæ 50 мин сомы. Уыцы фиддонтæй дарддæр хъыгдардбаййафджытæн бафиддзысты фæйнæ 10 мин сомы. Уый тыххæй æнæнхъæлæджы уавæрты къамисы æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дзæуджыхъæуы æмæ Горæтгæрон районты дарддæр ис æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Бынæттон администрациты къамистæ зилынц цæрджыты хæдзæрттыл æмæ бæрæг кæнынц зианы бæрц. Хъыгдард чи баййæфта, уыдоны бахæсдзысты сæрмагонд реестрмæ, уый фæстæ сын ратдзысты сæ фиддонтæ. Южныйы поселочы 77 хæдзарæй боныхъæд тынг бахъыгдæрдта 41 хæдзары, Карцайы та 30. Фæндаггон хыз сцалцæг кæнынæн бахъæудзæнис 50 милуан сомы.




