Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди республикæйы парламенты æмбырды
Республикæйы Парламенты уæрæхгонд æмбырды хаст æрцыди, сæрмагонд категорийы цæрджыттæн, сæ хæдзæрттæ газæй ифтонг кæнынæн уæлæмхасæн æххуысы мадзæлтты закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъæппæрис. Ацы æххуыс хауы фæкæсынхъуаг бинонтæм. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй арæх сæ хæдзæрттæм газ бауадзынæн ацы категорийы адæммæ хи фæрæзтæ нæ вæййы. Уымæ гæсгæ сын хорз уаид, газы кусæнгæрзтæ балхæнынæн æмæ сæ хæрдзтæн сертификаттæ дæттын. Фæфылдæр уыдзæни æххуысы бæрц дæр. Раздæр 57 мин сомæй фылдæр хъуамæ ма уыдаид, ныр та сертификат уыдзæни 100 мин сомы онг. Закъоны проект хорзыл банымадтой фыццаг æмæ дыккаг бакасты. Уымæй уæлдай, депутаттæ хорзыл банымадтой сидзæр æмæ æвæгæсæгæй чи баззади ахæм сывæллæтты цæрæнуæттæй ифтонг кæныны закъонмæ проектмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Афтæ сын амæй размæ, лæвæрд цыдис цæттæ цæрæнуат. Ног закъоны проекты та амынд ис, фæрæзтæ райсынмæ сæрмагонд документ дæттын, цæмæй адæймаг хæдзар балхæна, йæхи кæм фæнда, уым. Зæгъын хъæуы уый, æмæ республикæйы бюджеты фæрæзтæй райсынмæ сертификатыл зæрдæ дарæн ис æрмæстдæр тæрхонгонд кæмæн нæ уыди, хъæбæр нозтмæ æмæ наркотиктæм æмхиц чи нæу, стæй æрвылмæйон æфтиаг кæмæ хауы, ахæм адæмæн. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ацы социалон фарстатæ сты ахсджиаг. Дзуаппдæттæг оргæнтæ хъуамæ æмдыхæй бакусой, цæмæй сæ сæххæст кæныны къуылымпыдзинæдтæ ма уа.




