филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:53 воскресенье, 12 мая 2024
17 января 2023, 11:31
Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рынчынты нымæц цæхгæр нæ ивы

Републикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад йæ цæст дары сывæллæттæ скъолатæм æмæ рæвдауæндæттæм куыд цæуынц, уымæ

Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рынчынты нымæц цæхгæр нæ ивы. Републикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад йæ цæст дары сывæллæттæ скъолатæм æмæ рæвдауæндæттæм куыд цæуынц, уымæ. Ведомствæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сабитæй рынчын чи сты, уыдоны нымæц 20% – æй фылдæр нæу. Темæйыл дарддæр дзуры Тъехты Элинæ.

Пандемияйы рæстæг ацы лабораторийы суткæмæ кодтой 800 иртасæн куысты. Специалисттæ куыстой сменæгай. Фельдшер – лаборант Нæкуысаты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй ныр иртасæн куыстыты бæрц зынгæ фæкъаддæр. Йе мкусджытимæ йæ бон у æнæрæдыдæй вирусы ном рабæрæг кæнын.

Дохтыры раст хатдзæгæй аразгæ у рынчыны дарддæр куыд дзæбæх кæндзысты, уый. Лаборанты куыст у, зæгъæн ис, æмæ тынг лыстæг. Раздæр цæмæй туагад рауайа, уый тыххæй специалистты  хъуыд къухæй архайын. Ныр уыцы кусыт кæны сæрмагонд аппарат.

Хус хуыфт, хъуыры рыст æмæ уæнгты уæззаудзинад. Уыдон иууылдæр сты грипп æмæ коронавирусы миниуджытæ. Ацы афæдзы афон рынчынты хыгъд вæййы æппæтæй фылдæр. Уымæ гæсгæ хъæуы, цæмæй рынчын дохтырмæ афойнадыл бацæуа.

Вирус  H1N1-æй фылдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ. 2022 азы кæрон уыдис бирæ рынчынтæ. Фæлæ ныр уавæр фæхуыздæр.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй рынчынты хыгъд зынгæ нæ сырæзт, уымæн æмæ фæлладуадзæн бонты фæстæ сывæллæттæ рацыдысты рæвдауæндæттæм æмæ скъолатæм.

Ныр ресбупликæйы клиникон рынчындоны ис, ног вирусæй чи фæрынчын, уыцы 30 адæймаджы. Дохтыртæ æппæт хъæугæ препараттæ сты ифтонг. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй нæ хъæуы бирæ адæм кæм ис, ахæм рæттæм цæуын. Фæлæ иугæр фæрынчын дæ, уæд та æнæмæнг хъæуы дохтырмæ бадзурын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania