филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:51 вторник, 16 декабря 2025
29 июля 2024, 12:03
Фæллойы министрад ныммыхуыр кодта 2025-æм азы фæлладуадзæн бонтæ рахæссыны тыххæй уынаффæ

Документы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй не мзæххонтæ ног азы сæ фæллад уадздзысты 11 боны 29-æм декабрæй – 8-æм январмæ

Фæллойы министрад ныммыхуыр кодта 2025-æм азы фæлладуадзæн бонтæ рахæссыны тыххæй уынаффæ. Документы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй не мзæххонтæ ног азы сæ фæллад уадздзысты 11 боны 29-æм декабрæй – 8-æм январмæ. 4 январь, ома сабат, ахæсдзысты 2-æм маймæ, майрæмбонмæ, 5-æм январь ома хуыцаубон та 31-æм декабрьмæ, æртыццæгмæ. Фæлладуадзæн бонтæ уымæй дарддæр ахæсдзысты ахæм фæткмæ гæсгæ: 23-æм февраль 8-æм майæмæ æмæ 8-æм мартъи 13-æм июньмæ. Афтæмæй фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты бон Уæрæсейы цæрджытæ сæ фæллад уаддзысты 22-23 февралы, сылгоймæгты дунеон бон та 8-9 мартъийы. Майы бæрæгбæттæ уыдзысты аст боны. Цыппар боны фæд фæдыл не мзæххонтæ сæ фæллад уаддзысты июны,  Уæрæсейы боны кадæн. Бæлвырддæр та 12-15 июньмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania