Йе нусон юбилейыл сæмбæлд йе стыр бинонты хсæн
Зæрдæхæлар æмæ рæстдзæвин адæймаг уæвын у йæ царды сæйрагдæр нысан. Уый ын æххуыс кодта æппæтæй зындæр рæстæджыты. Ахæмтæ та Анна Ивлевайæн 100 азмæ чысыл нæ уыд. Йæ царды æппæтæй стырдæр фæд ныууагъта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Сылгоймаг, уæд æрыгон чызг уæвгæйæ, куыста госпиталы, æххуыс кодта цæф салдæттæн. Йе нусон юбилейыл сæмбæлд йе стыр бинонты хсæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Æнæхъæн æнусмæ Анна Ивлева чысыл нæ федта, сси æвдисæн ахсджиаг историон цаутæн. Абоны онг сылгоймаг бæлвырд хъуыды кæны суанг хуымæтæг бонтæ дæр – дæндæгты дохтырты скъоламæ куыд цыд, колхозы куыд куыста, иу хатт йæ фæллойы тыххæй мæнæуы 20 килограммы куыд райста æмæ йæ сæхимæ куыд æрбаласта, уый.
Фæлæ æппæтæй ирддæр мысинæгтæ баст сты хæстимæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Анна Ивлева ахуыр кодта дæндæгтæ дзæбæхгæнæн скъолайы æмæ уыцы иу рæстæг куыста æфсæддон госпиталы. Æрыгон æмæ къæсхуыр чызг дзæбæх кодта цæф салдæтты. Йæ бон куыд уыд, афтæ хæстæг кодта Уæлахиз.
Анна Ивлева æгæр раджы базыдта царды зындзинæдтæ, æмæ куыд æнцонæй сæттынц ныфсытæ, уый. Фæлæ йæхи ныфс нæ басастис. Фæллойы ветеран фидарæй фæрæзта æппæт зындзинæдтæн, нæ рох кодта алы боныл цин кæнын.
Хæсты фæстæ Анна Ивлева куыста Беслæны нартхоры куыстгæнæн кæмбинаты, 5-æм поликлиникæйы, санатори «Осетия»-йы. Уый фæстæ рацыд пенсимæ. Абон йæ фарсмæ сты йе стыр бинонтæ. Куыд алкæддæр, афтæ йын ныр дæр царды сæйрагдæр у зæрдæхæлар æмæ рæстдзæвин адæймаг уæвын, æмæ алыварс чи ис, уыдоны уарзын.
