филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:18 воскресенье, 29 сентября 2024
14 января 2020, 18:01
Фæллойы ветеран Баскаты Мисурхан сбæрæг кодта йæ 100 азы юбилей

Нартыхъæуккаг кадджын хистæр ныр дæр кæны хæдзары куыстытæ æмæ хъомыл кæны йæ цоты цоты æртæ хъæбулы

Фæллойы ветеран æмæ фронты фæсчъылдымы архайæг Баскаты Мисурхан сбæрæг кодта йæ 100 азы юбилей. Нартыхъæуккаг кадджын хистæр ныр дæр кæны хæдзары куыстытæ æмæ хъомыл кæны йæ цоты цоты æртæ хъæбулы. Сæ уарзон нанайы гуырæнбоны се ппæт дæр сты йæ фарсмæ. Мисурхан йæ цардвæндаджы тыххæй дзурын нæ уарзы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ азтæ атахтысты иу бонау. Сæйрагдæр у алы бон дæр фæллой кæнын, кæстæртыл аудын, хиуæтты уарзын æмæ сын аргъ кæнын. Фæлæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, Баскаты Мисурханы зæрдыл уæддæр æрлæууынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау азтæ. Уый нæ хынцгæйæ, цин кæны, 100 азы фæцæрын ын кæй бантыст, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania