филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:31 суббота, 28 сентября 2024
01 ноября 2019, 15:37
Фæлтæрæй – фæлтæрмæ нæ фыдæлты хæзнатæ лæвæрд цæмæй цæуой, уымæ æвæрæн чи хæссы, уыдонæй иу у Таматы Таймураз

Йæ радон сфæлдыстадон фæллæйттæ рахаста адæмы размæ. Уыд йæ чингуытæ «Кет» æмæ «Дудзигъæр»-ы презентаци

Фæлтæрæй – фæлтæрмæ нæ  фыдæлты хæзнатæ лæвæрд цæмæй цæуой, уымæ æвæрæн чи хæссы, уыдонæй иу у Таматы Таймураз. Йæ радон сфæлдыстадон фæллæйттæ рахаста адæмы размæ. Уыд йæ чингуытæ «Кет» æмæ «Дудзигъæр»-ы презентаци. Куыд рауад, уымæн æвдисæн уыд Сосранты Жаннæ. Бакæсæм ын йæ сюжетмæ. 

Царды фæндæгтæ алкæйы раз дæр сæвæрынц цавæрдæр нысантæ, æмæ сæм адæймаг фæтырны. Сæ саразын иуты къухы бафты  æнцондæртæй, иннæтæн та сæ скæныны  фæндаджы разыны цæлхдуртæ. Хохаг лæппу Таматы Таймуразы йæ сабибонтæ сахуыр кодтой фыдæлты фарн хъахъхъæныныл. Кæд хæххон паддзахадон аграрон университеты кусы, уæддæр йæ уæгъд рæстæг фыссы, дзыхæй-дзыхмæ чи цæуы, уыцы таурæгътæ æмæ хабæрттæ. Æгæрон уарзтæй уарзы мадæлон æвзаг. Ууыл дзырдтой, йæ чингуытæ «Кет» æмæ «Дудзигъæр»-ы презентацимæ  фæсивæдон библиотекæмæ чи æрбацыд, уыдон.

Таматы Таймураз йæ чингуытæ «Кет» æмæ «Дудзигъæр»-ы адæммæ хæццæ кæны историон цаутæ, мысинæгтæ, æцæгдзинæдтæ. «Кет»-ы  адæмы цурмæ бæстонæй рахаста,  Хæзныдоны цур цы фыдæлтыккон цыртдзæвæн ис, уый  истори. Специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Кеты цы зæппæдзтæ ис, уыдонæн ис стыр ахадындзинад.  Тамайы-фырт архивтыл бакусгæйæ, стæй сæ фыдæлтæ уыцы ран кæмæн цардысты, уыдонимæ  адзургæйæ, сарæзта чиныг.

«Дудзигъæр»-ы та Таматы Таймураз æнæзивæгæй фембырд кодта, Дыгургомы тыххæй дзыхæй–дзыхмæ цæуæг таурæгътæ. Уыимæ – абоны царды æвдисæндартæ кæмæн ис, ахæмтæ.  Презентацийы архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фыссæг стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны адæмы культурæ, традицитæ æмæ истори бахъахъхъæнынмæ.

Презентацийы рæстæг Дыгурон театры артисттæ  бакастысты Таймуразы фыст æмдзæвгæтæ, фысджытæ æмæ мадзалмæ æрбацæуджытæ та  дзырдтой Тамайы-фырты сфæлдыстадон фæллæйтты тыххæй. Абоны бонмæ йын рухс федта фараст чиныджы.  Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ чиныг «Дудзигъæр» Таматы Таймураз  кæй снывонд кодта йæ фыд, Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран Таматы Азийхæны 100 азы бонмæ.   

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania