Цыколайы дыккæгæм скъолайы рауагъдон Таухъазахты Алыбег, кæд Мæскуыйы цæры æмæ кусы, уæддæр йæ райгурæн хъæу, йæ фыццаг скъола, йæ ахуыргæнджыты иу усм дæр не рох кæны
Адæймаджы цы бафæнда, æмæ цы нæ бакæндзæн. Уыцы хъуыды баззад нæ рагфыдæлтæй. Æмæ, æвæццæгæн, йæ мидис у арф. Цыколайы дыккæгæм скъолайы рауагъдон Таухъазахты Алыбег, кæд Мæскуыйы цæры æмæ кусы, уæддæр йæ райгурæн хъæу, йæ фыццаг скъола, йæ ахуыргæнджыты иу усм дæр не рох кæны. Йæ радон балцæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бафæзминаг мадзалы тыххæй Сосранты Жаннæйы æрмæг.
Таухъазахты Хасаны фырт Алыбег Цыколайы 2-æм скъолайæн у йæ дыккаг рауагъды уæнг. Æмæ цымæ знон фæци ахуыр, афтæ хъуыды кæны æмæ кад кæны йæ уæды абоны цардмæ фæндаг аразджытæн. Уый тыххæй йæ бафæндыд бабæрæг кæнын ахуыргæнæндон. Уым æм зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты.
Фембæлд арæзт æрцыд, æзты размæ цы кълæсты тырныдта зонындзиндтæ райсынмæ, уыдонæй иуы, фæлæ ныр та кадджын уазæджы хуызы.
Йæ рауагъдонтæй бирæтæ нæма федтой ног цалцæггонд скъола. Фæбæрæг кæнын хъæуы уый, æмæ æрæджы сæрмагонд федералон программæйы фæрцы ахуыргæнæндон, æнусы æрдæгмæ, фыццаг хатт кæй æрцыд бындурон цалцæггонд. Сæхи цæттæ кодтой йæ юбилейы кадæн бæрæгбоны йæ бабæрæг кæнынмæ. Фæлæ уавæр нымайгæйæ нæма бантыст райдзаст мадзал саразын.
Куыд фæзæгъынц, тæккæ хуыздæр дæнцæг у дæхи цæстæй цы фенай, дæхи хъустæй цы хордзинæдты хабæрттæ фехъусай, уыдон. Алыбег нæ бавгъау кодта сывæллæттæн скъолайы цардæй йæ мысинæгтæ.
Уæдæ уазæг æнæ лæвæрттæй дæр нæ фидауы. Таухъазахты Алыбег бахъуыды кодта æмæ скъолайæн скодта лæварæн, Малиты Георгийы ныв – скодта йæ зындгонд нывгæнæг Ахполæтты Æхсарбег. Алыбег йæхæдæг кæд бирæ æзты Мæскуйы цæры, уæддæр мадæлон æвзагæн йæ уды ис стыр бынат
Скъолайы ахуырдзаутæ дæр сæхи бацæттæ кодтой æмæ уазджытæн бакастысты Малиты Геуæргийы сфæлдыстадæй рæнхъытæ.
Ацы зæрдиаг, уды хъарм æнкъарæнтæй хъæздыг фембæлд сывæллæтты зæрдæты бирæ рæстæг баззайдзæн. Алыбеджы та ма дисы æфтыдтой, скъолайыл æрзилгæйæ ахуыргæнæндоны цы уавæртæ федта, уыдон. Ис дзы кадетон кълас, кæцыйы куыстимæ базонгæ кодтой сæ кадджын уазджыты. Æнæмæнг дзы ис «Точка Роста»-йы кабинет дæр, стæй æппæт нырыккон гæнæнтæ.
Ацы скъолайы ахуыр кæнынмæ бирæтæ фæбæллынц, алкæддæр æххæст уыд уæззау зонд æмæ фæлмæн зæрдæ ахуыргæнджытæй. Сывæллоны удыхъæды райрæзтыл куысты сæйраг æнцойгæнæнтæ та рæстæджы цыдимæ дæр ивд нæ цæуынц.
Æгъдау, æфсарм, уæздандзинад, иннæйы æмбарындзинад, нæ фыдæлтæй байзæддаг хъуыддæгтæ йæ миддунейы кæмæн нæ ныффидар вæйынц, уый йæ азты цыды райдзастдзинадмæ æвæрджытæн дæр аргъ кæнынмæ нæ фæбæллы. Таухъазахты Алыбег, уыдоны номхыгъдмæ хаст кæй нæ цæуы, уымæн та æвдисæн уыд ацы мидисджын фембæлд.




