филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 суббота, 31 января 2026
17 июля 2019, 13:07
Фæндæгты æдасдзинады, фыдракæндты профилактикæйы, стæй алфамблай æрдзы сыгъдæгдзинадыл ныхас цыд координацион советы радон æмбырды

Амыдта йæ Битарты Вячеслав

Фæндæгты æдасдзинады, фыдракæндты профилактикæйы, стæй алфамблай æрдзы сыгъдæгдзинадыл ныхас цыд координацион советы радон æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй, кæд стыр куыст цæуы, уæддæр республикæйы фæндæгты уавæр у хуыздæрхъуаг. Лыггæнинаг фарстатæ нырма бирæ. Алы аз дæр фæндаггон фыдбылызты амæлынц 100 адæймаджы онг. Кæд æмæ фæндæгты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныныл æнæрынцойæ куыст цæуы, уæддæр. Бæстон доклад скодта паддзахадон автоинспекцийы хицау Хуадонты Айвар. куыд радзырдта, афтæмæй ацы азы 6 мæймæ республикæйы фæндæгтыл æрцыд 377 фыдбылызы. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у къаддæр. Фæмард дзы 35 адæймаджы, 947-æй та фесты алыхуызон цæфтæ. Раздæрау фыдбылызты аххосаг у – шофыртæ нозтджынæй, кæнæ æнæ бардæттæг гæххæттытæй кæй рацæуынц фæндагмæ, уый. Уавæрмæ бæстондæрæй кæсынæн ахъаз уаиккой фото æмæ видеофиксацийы фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ Хицауадæн бабар кодтой республикæйы исбонмæ раивын, федералон фæндæгтыл цы видеокамерæтæ æврæд æрцыд, уыдон. Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ республикæ архайы федералон национ проектты «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» стæй «Фæндаггон хыз»-ы. Уыдон æххæст кæнгæйæ, куыст цæуы республикæйы фæндæгтæ нырыккон домæнтæм бахæццæ кæныныл. Фыракæндты нымæц фæкъаддæр кæныны тыххæй та цавæр куыст цæуы, уый тыххæй радзырдтой Цæгат Ирыстоны Прокуратурæйы минæвæрттæ. Стыр æргом аздæхтой, фæстаг рæстæг кæй сарæх сты æхцайы дæвдтытæ, компьютерон æмæ телекоммуникацион технологитæй пайда кæнгæйæ. Уыимæ ахæм фыдракæндтæ раргом кæнын вæййы зын, æмæ хъæуы адæмимæ фылдæр профилактикон куыст кæнын. Æмбырды архайджытæ ма стыр æргом аздæхтой экологийы сыгъдæгдзинадмæ. Хорзырдæм ыл фæзынд, Электроцинк йæ архайд кæй баурæдта, уый. Фæлæ куыст хъæуы дарддæр ахæццæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania