филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:30 четверг, 14 ноября 2024
12 ноября 2024, 10:33
Фæндæгты былгæрæтты бырæттæ æмбырд кæныны фарста хъуамæ лыггонд æрцæуа

Ахæм уынаффæ Дзанайты Барис рахаста аппаратон æмбырды

Фæндæгты былгæрæтты бырæттæ æмбырд кæныны фарста хъуамæ лыггонд æрцæуа. Ахæм уынаффæ Дзанайты Барис рахаста аппаратон æмбырды. Республикæйы хыгъд ис 44 æнæзакъон бырондоны. Горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав загъта, бирæ бынат чи ахсы, ахæм хауæддзæгтæн дихгонд æрцыди 10 фæзы, фæлæ адæм уæддæр бырæттæ калынц кæмæн кæм æнцондæр у, уым.  Аппаратон æмбырды арæзтады æмæ архитектурæйы министр Атарты Георгий куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ куыст цæуы, ламидæттæ рацæуынæй тæссаг кæм у, уырдыгæй адæмы æдас рæттæм ракæныны программæйыл. Къæпхæнгай æххæстгонд цæудзæн иннæ азы райдианæй. Æмбырды ныхас цыди фæндæгты æдасдзинадыл дæр. Вице-премьер Æгъуызарты Мурат куыд загъта, афтæмæй 1-æм сентябрæй фæндæгты видеокамерæты колмплекс дæр æвæрд æрцыди ног схемæмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania