филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:20 суббота, 28 сентября 2024
22 июля 2021, 13:19
Фæндæгты хæдзарады комитет архайы кæмттæм фæндæгтæ æмбæлгæ уавæрты дарыныл

Ныртæккæ хæхтæм арæзт цæуынц хæрзхъæд фæндæгтæ

Куыд дарддæр, афтæ хуыздæр фадæттæ. Ныртæккæ хæхтæм арæзт цæуынц хæрзхъæд фæндæгтæ. Дзæбæх бацæуæнтæ кæдæм ис, уырдæм адæм дæр зæрдиагдæрæй цæуынц. Уый æмбаргæйæ Цæгат Ирыстоны фæндæгты  хæдзарады комитет архайы кæмттæм фæндæгтæ æмбæлгæ уавæрты дарыныл. Дыгургомы куыстыты цыдимæ нæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Цæгат Ирыстоны фæндæгты райрæзты программæйы фæлгæты сæ саив кæныныл бирæ куыст цæуы. Уыимæ алы районы дæр хынцынц бынæттон уавæртæ. Республикæмæ цæмæй туристтæ дæр зæрдæрайгæйæ цæуой, уый тыххæй , æнæмæнг, фæндæгтыл дæр æнцон цæуæн хъуамæ уа. Уый æмбаргæйæ архайынц Дыгургоммæ фæндаджы цалцæгыл дæр. Цыкола – Мацутæ – Комы-Артмæ фæндагæн йæ 32 километрыл куыстытæ фесты. Дарддæр республикæйы фæндаггон хæдзарады комитет кусы фæндаджы 21 километр сцалцæг кæныныл.

Объектыл кусынц «Владтрансстрой»-ы специалисттæ.  Фæндаджы 4 уаццагыл та аразынц хидтæ. Уыдон баивдзысты, адæмæн бирæ азты чи лæггад кодта, æмæ нырыккон домæнтæн дзуапп чи нал дæтты, уыцы зæронд хидтæ. 

Цæугæдон Гибеноны сæрты объекты арæзтадон куыстытæн разамынд дæтты Малиты Ацæмæз. Куыстыты аххосæй фæндаггон змæлд æппындæр не рлæууыд.  

Уæвгæ æппæт куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ хъуагæдзинадæн аргъгæнæг сты фæндагыл цæуджытæ. Уыдон хорз æмбарынц цалцæггонд фæндаджы  æнцондзинад фæндаггон адæймагæн.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ нæ республикæ йæ туристон бынæттæй зындгонд кæй у. Йæ æрдзы рæсугъддзинад æлвасы йæхимæ. Уæдæ историон цыртдзæвæнтæ та цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц алы кары адæммæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania