филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
06 июля 2021, 12:14
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны Федералон проект царды йæ бынат ары Цæгат Ирыстоны

Йæ фæлгæты ахуыртæ цæуынц, сабиты машинæйы ласыны уагæвæрдтæ парахат кæныныл

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны Федералон проект царды йæ бынат ары Цæгат Ирыстоны дæр. Йæ фæлгæты  ахуыртæ цæуынц, сабиты машинæйы ласыны уагæвæрдтæ парахат кæныныл. Ныхас цæуы сывæллоны бадæн бынат машинæйы раст фидар кæныныл, уыимæ чысыл сабитæ ласыны сæрмагонд хъуыддæгтыл. Цæгат Ирыстоны республикон клиникон рынчындоны арæндоны кусджытæ дæр уыцы хъуыддæгтимæ зонгæ кæндзысты мадæлты. Проект кусы 2016-æм азæй  фæстæмæ нæ бæстæйы  85 субъекты. Эксперттæ куыд бæрæг кæнынц, афтæмæй уыцы рæстæгмæ сывæллæттæ фæндаггон цауты къаддæр  хауынц. Уымæй уæлдай проекты фæлгæты  ахуыртæ цæуынц коляскæимæ  фæндаджы сæрты  куыд хизын хъæуы, ууыл дæр. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania