филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:43 суббота, 18 мая 2024
07 августа 2023, 12:17
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ Дзæуджыхъæуы уынгты кæнынц профилактикон рейдтæ

Бæрæг кæнынц электросамокаттæ æмæ гироскутертæ, стæй æндæр индивидуалон мобилон транспорты хуыз чи уарзы, уыдоны

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ Дзæуджыхъæуы уынгты кæнынц профилактикон рейдтæ. Бæрæг кæнынц электросамокаттæ æмæ гироскутертæ, стæй æндæр индивидуалон мобилон транспорты хуыз чи уарзы, уыдоны. Сæрды райдианæй нырмæ  сæ архайдимæ фыдбылызты нымæц цæхгæр сырæзт. Фæлæ, фæндаггон змæлды фæткмæ цы ивддзинæдтæ бахастой, уыдонмæ гæсгæ, мартъийæ фæстæмæ ацы транспорты хуызмæ дæр домæнтæ фæкарздæр сты.  Инспектортæ куыд зæгъынц, афтæмæй индивидуалон транспорты хицæуттæм нæ вæййы шофыры æвдисæндартæ. Хъуыддагмæ кæсынц хуымæтæг цæстæй, æрмæст æй размæ тæр, зæгъгæ. Нæ зонынц, фæндаггон нысантæ цы амонæг сты, уый, æмæ тынг арæх халынц фæндаггон змæлды фæтк. Æппæтæй арæхдæр цы закъонхæлдтытæ æруадзынц, уыдон хсæн – машинæты фæндагмæ рацæуын, фæндаджы сæрты кæм не мбæлы, уым ахизын, стæй светофор ницæмæ дарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania