филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2020, 12:53
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ Мæздæджы районы бирæфатерон хæдзæртты кæртыты скодтой рейдтæ

Скъоладзаутимæ профилактикон куысты архайдтой пъæлицæйæгты æхсæнадон советы уæнгтæ дæр

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ Мæздæджы районы бирæфатерон хæдзæртты кæртыты скодтой рейдтæ. Скъоладзаутимæ профилактикон куысты архайдтой пъæлицæйæгты æхсæнадон советы уæнгтæ дæр. Бирæ хатт сывæллæттæ сæмбырд вæййынц, ферох кæнынц хи дарыны æгъдæуттæ æмæ фæкæнынц хъæлæба.

Кæртыты та цæры карджын адæм дæр, æмæ уыдоны уынæр хъыгдары. Кæртытæй æдзух сывæллæтты хъæр кæй цæуы, уымæй хъаст кæнынц ноггуырд сабитæ кæмæн ис, уыцы ныййарджытæ дæр. Инспектортæ рæзгæ фæлтæримæ кодтой æмбарынгæнæн ныхас. Уымæй уæлдай æргом здæхт æрцыди, цæмæй изæрыгæтты сæ уæлæдарæсыл уа рухсгæнæнтæ. Скодтой сын лæвæрттæ дæр. Рейды архайджытæ бабæрæг кодтой дуканитæ дæр, æмæ зæрдыл æрлæууын кодтой, хъæбæр нозт уæй кæныны закъоны домæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania