филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:29 суббота, 31 января 2026
02 февраля 2022, 13:04
Фæндаггон-арæзтадон сезон Дзæуджыхъæуы райдайдзæн трамвайты рельсытæ ивынæй

Уый тыххæй фехъусын кодта бынæттон администрацийы пресс-службæ

Фæндаггон-арæзтадон сезон Дзæуджыхъæуы райдайдзæн трамвайты рельсытæ ивынæй. Уый тыххæй фехъусын кодта бынæттон администрацийы пресс-службæ. Электрон тыхæй кусæг транспорты фæндæгтæ сног кæндзысты Къостайы проспекты Нальчикскийы уынгæй Мамсыры-фырты уынджы онг, стæй Байаты Гаппойы æмæ Чермены уынгты Сæрибары фæзæй Штыбы онг. Цалцæджы уаццæгтæ сбæрæг кодтой, акционерон æхсæнад «Уралтрансмаш»-ы ног трамвайы тесты фæстæ. Эксплуатацион фæлварæнтæ æмæ иртæстытæ кодтой муниципалон куыстуат «Владтрамвай»-ы специалисттæ. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ хицæн уаццæгтæ сты ивинаг. Сæйраг хæс у электрон тыхæй кусæг транспортæй пайдагæнджыты æдасдзинадыл бацархайын. Цалцæггæнæн куыстытæ нысан кæнынц ацы мæй райдайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania