Æмæ уыцы сфæлдыстадон куыст хаст æрцыд рекордты чиныгмæ
Фæрдгуытæй æппæтæй стырдæр дидинджыты баст йæхи къухтæй скодта Алагирæй æрмдæсны Чехойты-Усипян Варгине. Æмæ уыцы сфæлдыстадон куыст хаст æрцыд рекордты чиныгмæ.
Дæсны адæймаджы фантази адæмы размæ рахæссæн ис бирæ хуызты. Зæгъæм, æрмдæсныйады фæрцы. Бæлвырддæр та – фæрдгуыты руаджы. Чехойты Вергине бисеримæ архайы 4 азы. Райдыдта иугай дидинджытæ кæнын æмæ сахуыр дидинджыты стыр композицитæ аразын. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы лыстæг куысты руаджы канд йæ фæллад нæ уадзы, фæлæ ма сæры магъзы райрæзтыл дæр кусы.
Сæйраг æмæ зæрдæйæн уарзон куыст Вергинæ уыцы иу рæстæг кæны æнцонæй. Зæрдиагæй кæй архайдта, уый тыххæй йæ бафæндыд, ныры онг стыр дидинджыты баст кæмæн нæ бантыст, ахæм скæнын. Алагиры хъæдыхæдзарады хистæр специалист уæвгæйæ йæ бафæндыд йæ композицитæ конкурсмæ арвитын, цæмæй йын дунеон рекордты чиныгмæ бацæуа. Бирæ дидинджытæ скæнын – уый иу, фæлæ сæ æцæгты хуызæн саразын, уый та уæлдай зындæр у. Æмæ йын уыцы хъуыддаг дæр рауад, уымæн æмæ дидинджыты къамтæ курдиатимæ куы лæвæрдта, уæд æй жюрийы къамисы фыццаг нæ раиртæстой, цæмæй конд сты, уый.
Вергинейæн йæ алы композици дæр у уарзон æмæ курдиат куы лæвæрдта, уæд йæ бон иу сæйраг равзарын нæ уыд. Уæд 5 дидинджыты бастæй сарæзта иу.
Куыстмæ бавналыны размæ Вергине æнæмæнг фыццаг интернеты лæмбынæг æркæсы дидинæгмæ. Цы хуызæн у, уый куы бахъуыды кæны, уæд бавналы фæрдгуытæм.
Цасфæнды куы кусай, уæддæр дын уыдзæн, цæуыл сахуыр кæнай, уый. Вергине куыд зæгъы, афтæмæй у домаг адæймаг. Уымæ гæсгæ йæхицæй дæр бирæ домы. Йæ куыстыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Фæнды йæ фылдæр рекордтæ сывæрын, æмæ нæ фидарæй уырны, уыцы фæнд йæ къухы кæй бафтдзæн, уый.




