филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 воскресенье, 29 сентября 2024
12 марта 2020, 13:00
Фæрниаты Тамерлан базонгæ Намысы Мемориалы куыстыты цыдыимæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг райгуырæн уæзæг знагæй бахъахъхъæнынмæ чи сыстад, æмæ æнустæм тохы быдыры чи баззад, уыдоны рухс нæмттæ сæнусон кæныны фæдыл хаст æрцыд, монумент саразыны хъæппæрис

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан базонгæ Намысы Мемориалы куыстыты цыдыимæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг райгуырæн уæзæг знагæй бахъахъхъæнынмæ чи сыстад, æмæ æнустæм тохы быдыры чи баззад, уыдоны рухс нæмттæ сæнусон кæныны фæдыл хаст æрцыд, монумент саразыны хъæппæрис. Бахастой йæм дыууæ барельефы æмæ хъыгæгæнæг мады цыртдзæфæн. Проекты автор у архитектор Козырты Руслан. Ныртæккæ барельефтæн конд цæуы бындур. Мемориалон комплексмæ цы аллея цæуы, уый суыдзæн акци «Уæлахизы дыргъдон» иу хай. Архайынц дзы Хъæбатыры, Æфсæддон намысы æмæ фæллойы кады  номхæссæг уæрæсейаг горæттæ. Цæгат Ирыстоны сахъгуырдты номыл Хъæбатырты Аллейæйы ныссаддзысты 79 талайы. Æппæт куыстытæ хъуамæ фæуой майы райдианмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania