филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:59 суббота, 31 января 2026
29 марта 2022, 11:32
Фæсарæйнаг компанитæ уæрæсейаг базарадæй кæй цæуынц, уый фæбæрæг экономикæйы алы къабæзтыл

Дæсгай азты дæргъы æндæр бæстæтæй ласт хомагæй чи пайда кодта, уыцы бынæттон куыстуæтты разамонджыты æмæ бизнесы минæвæртты бахъуыд ног уавæртыл ахуыр кæнын

Фæсарæйнаг компанитæ уæрæсейаг базарадæй кæй цæуынц, уый фæбæрæг экономикæйы алы къабæзтыл. Дæсгай азты дæргъы æндæр бæстæтæй ласт хомагæй чи пайда кодта, уыцы бынæттон куыстуæтты разамонджыты æмæ бизнесы минæвæртты бахъуыд ног уавæртыл ахуыр кæнын. Æнцон хъуыддаг нæу, фæлæ йæ къæпхæнгай сæххæст кæнæн ис. Бынæттон базарад арæзтадон æрмæджытæй чи æххæст кæны, ахæм куыстуæттæй иуы тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

цыфӕнды нырыккон куыстуат дӕр хъуамӕ ӕнцой кӕна наукон ноӕдзинӕдтыл – зӕгъынц компани Токары. Дон кӕй нӕ тӕнӕг кӕны, ахӕм бетон саразын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Формулӕ саразыныл куыстой цалдӕр азы. Ныртӕккӕ заводы кусджытӕ дӕр нӕ зонынц, продукци цавӕр хъацӕнтӕй конд у, уый, уымӕн ӕмӕ нымад у стыр сусӕгдзинадыл. Йӕ фӕрцы базарадон ерысхъомдзинад кӕны цырендӕр. Ахӕм бетонӕй арӕзтад у фидардӕр ӕмӕ фӕлӕуудзӕн бирӕ фылдӕр.

Куысты фӕтк дӕр уӕдӕ технологон уагӕй зын нӕу, стӕй дзы адӕймаджы фӕллой уыйбӕрц нӕ хъӕуы. Чысыл ангары сӕрмагонд куырой змӕнты хъацӕнтӕ, уӕлӕфтуанты бӕрц та нымад цӕуы автоматикӕйы фӕрцы.

Ӕрӕджы ТОКАР патент ӕмӕ сертификат райста цалцӕггӕнӕн змӕст уадзынӕн. Куыд иннӕ къабӕзты, афтӕ арӕзтады дӕр фӕсарӕйнаг брендтӕн ис стыр ахадындзинад. Ахӕм уӕлӕфтуантӕ аразынц Европӕйы бӕстӕты, ӕмӕ сты зынгӕ зынаргъдӕр. Фӕлӕ иу аразджытӕ цӕмӕндӕр сӕ ных уыдонмӕ сарӕзтой. Афтӕмӕй бынӕттон бетон иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста йӕ хорз миниуджытӕ. Зӕгъӕм, Дзӕуджыхъӕуы хидты арӕзтады.

Абоны бон фӕсарӕйнаг компанитӕн сӕ фылдӕр Уӕрӕсӕйы сӕ архайд ӕруырӕдтой. Чи баззад, уыдон та сӕ аргъыл дзӕвгар бафтыдтой. ТОКАРы разамынд уый банымадта хорз нысаныл ӕмӕ райдыдта ног эксперименталон продукци аразын. Ахӕм пенобетонӕй блокӕй пайда кӕнынц цӕмӕй бӕстыхай схъарм кӕной, уымӕн. Аразынц дзы мидӕггаг къултӕ. Ӕрмӕг дон нӕ уадзы, стӕй иннӕ блоктимӕ абаргӕйӕ у фидардӕр. Хус уӕлӕфтуанты бӕрц та ТОКАР фӕфылдӕр кӕндзӕн 3-4 хатты. Фӕлӕ цӕмӕй пенобетонӕй блоктӕ егъау партитӕй уадзай, уый тыххӕй хъӕуы технологон лини. Ныртӕккӕ та сӕ кӕнынц къухӕй, пайда кӕнынц шлангӕй. Афтӕмӕй егъау парти нӕ рауаддзынӕ.

Ныртӕккӕ промышленносты министрады ис льготон субсидитӕ куыстуӕтты райрӕзтӕн. Фӕлӕ сӕ бӕрц ӕгӕр бирӕ у. ТОКАРы дыууӕ линийы саразынӕн хъӕуы 20 милуан сомы. Министрады программӕйы ӕппынкъаддӕр бӕрц та у 50 милуаны. Куыстуаты разамынд зӕрдӕ дары, тагъд рӕстӕг хъӕугӕ программӕтӕ кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ ТОКАРӕн ног комулӕфт кӕй ратдзысты, ууыл

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania