филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:42 четверг, 25 апреля 2024
08 декабря 2022, 11:58
Фæсивæдон библиотекæйы арæзт æрцыд «Гæздæнты Гайтойы æмбæлтты Æхсæнады» уæнгты фембæлд

Боны фæткмæ рахастой ахсджиаг фарста

Цæгат Ирыстоны фæсивæдон библиотекæйы арæзт æрцыд «Гæздæнты Гайтойы æмбæлтты Æхсæнады» уæнгты фембæлд. Боны фæткмæ рахастой ахсджиаг фарста. Бæлвырддæр та – презентаци скодтой, ногæй мыхуыры кæй рауагътой, уыцы æмбырдгонд «Вечер у Клэр»-æн. Бахастой йæм авторы 4 романы. Уымæй дарддæр ма фембæлды архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой, сентябры Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКОйы залы цы æппæтадæмон литературон конференци ацыд, уый тыххæй. Архайдтой дзы «Гæздæнты Гайтойы æмбæлтты Æхсæнады» уæнгтæ, стæй уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania