филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:56 четверг, 02 мая 2024
02 мая 2023, 12:09
Фæсивæдон парламентмæ æвзæрстыты конкурсы иу мандатмæ уыди 5 адæймаджы

Хъæлæс кæныны мадзæлтты архайдта 9588 адæймаджы

Хицауады хæдзары байгом фæсивæдон парламенты 4-æм æмбырды æвзæрстытæм цæстдарæг пресс-центр. Æртæ боны дæргъы хъæлæс кæныны процедурæ цыди электрон фæткмæ гæсгæ. Хъæлæс кæныны мадзæлтты архайдта 9588 адæймаджы. Фæсивæдон парламентмæ æвзæрстыты конкурсы иу мандатмæ уыди  5 адæймаджы, фехъусын кодта республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, абон фæсивæд активонæй архайынц æхсæнадон хъуыддæгты, æмæ фылдæр се ргом здахынц нырыккон технологитæм, уыимæ электрон хуызы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania