25 марта 2021, 13:49
Фæсивæды галуаны уыд сывæллæтты æмæ фæсивæдон театрты фестиваль «Амыраны рухс»-ы гала-концерт
Ацы аз дзы бацархайдта 1000 адæймайгæй фылдæр республикæйы æппæт районтæ
Фæсивæды галуаны уыд сывæллæтты æмæ фæсивæдон театрты фестиваль «Амыраны рухс»-ы гала-концерт. Ацы аз дзы бацархайдта 1000 адæймайгæй фылдæр республикæйы æппæт районтæй. Се сфæлдыстад æвдыстой номинацитæ драмон спектакль, сфæлдыстадон эксперимент, аив дзырд, эстрадон миниатюрæ æмæ фольклорон композици. Зæгъын хъæуы уый, æмæ конкурс ирон æвзагыл арæзт кæй цæуы. Æппæт номертæ дæр æвдыст цæуынц иронау.
темæмæ гæсгæ




