филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:03 воскресенье, 01 февраля 2026
07 апреля 2023, 10:57
Фæсивæды удварны æмæ патриотон хъомылады фарстатыл æрныхас кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты советы иумæйаг æмбырды

Стыр æргом ма аздæхтой ирон адæмы культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнынмæ

Фæсивæды удварны æмæ патриотон хъомылады фарстатыл æрныхас кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты советы иумæйаг æмбырды. Стыр æргом ма аздæхтой ирон адæмы культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнынмæ. Афтæ, дæнцæгæн æрхастой ирон чындзæхсæвы æгъдæутты сусæгдзинæдтæ. Фыццаджыдæр нырыккон чындзæхсæвы тынг бирæ хъуыддæгтæ аивтой, æмæ уымæ ис алыхуызон цæстæнгас. Ныхас ма цыд фæсивæды нырыккон уæлæдарæсыл. Чызджытæ æмæ лæппутæ сæхи куыд дарынц æхсæнады, ууыл. Хицæнæй æрдзырдтой патриотизмы темæйыл, стæй цавæр бынат ахсы нырыккон æхсæнады. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ сылгоймæгты советы æмбырды канд ацы ахсджиаг фарстатыл не рдзырдтой, фæлæ ма бацæттæ кодтой, сæ алыг кæнынæн бæлвырд мадзæлттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania