20 декабря 2022, 11:38
Фæскомцæдисон парчы ныссагътой 200 тæгæр бæласы талайы
Сæ фæрцы ног кæныныц Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзон тезгъогæнæн бынат
Фæскомцæдисон парчы ныссагътой 200 тæгæр бæласы талайы. Сæ фæрцы ног кæныныц Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзон тезгъогæнæн бынат. Уый размæ, санитарон æркасты фæлгæты акалдтой зæронд, хус бæлæстæ. Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, дарддæр куыст цæудзæн парк сног кæныныл. Акцийы бацархайдтой Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады разамынд, ЦИПУ-йы минæвæрттæ, паркмæ хæстæг хæдзæрдты цæрджытæ, Ирыстойнаг районы разамынд æмæ кусджытæ, фæсивæдон комитеты минæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ




