филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:42 пятница, 19 июня 2026
19 марта 2026, 10:34
Фæсном «Топаз»-имæ хæстон лæг сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæстæгдæр кæны уæлахиз, йæ мад та ам, Дзæуджыхъæуы æххуыс кæны, йæ бон цæмæй у, уымæй

У волонтерты змæлды активондæр архайджытæй иу

Фæсном «Топаз»-имæ хæстон лæг сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæстæгдæр кæны уæлахиз, йæ мад та ам, Дзæуджыхъæуы æххуыс кæны, йæ бон цæмæй у, уымæй. У волонтерты змæлды активондæр архайджытæй иу. Нæ хæстонтæн Цуцаты Зæирæ цæттæ кæны хусгонд хъæрхуыппытæ, акъоппы цырæгътæ, маскировкæгæнæн хызтæн лентытæ. Сылгоймаг йæ алыварс баиу кодта йæ хæстæджыты æмæ хæлæртты. Топаз куы базыдта, йæ мад волонтерты архайд кæны, уый, уæд нæ бадис кодта, уымæн æмæ зыдта, ацы хъуыддагæй иуварс нæ баззайдзæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

æппæт бинонтæй Уæлахизмæ фæндагыл. Фæсном «Топаз»-имæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг нырма сабибонтæй зыдта, афицер суæвын æй кæй фæнды, уый. Дæсныйад æмæ фæсном равзæрста киноныв «Грозовые ворота»-мæ гæсгæ. Йæ хæстон фæндаг æфсæддон райдыдта уæлдæфон-десантон æфсæдты, 2022-æм азы та ацыд сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Донецкы афицер уæззау цæф фæцис, уый фæстæ 2 азы бæрц йæхи дзæбæх кодта, фæлæ та фæстæмæ сæрмагонд операцийы зонæмæ æрыздæхт. æфсæддон хæстæ æххæст кæнын ын сæрыстырдзинад у. Бæлвырд зоны, йæ царды хæс у, цыфæнды уавæрты дæр, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын.

Топазы ахæм патриотæй схъомыл кодтой йæ бинонтæ. Йæ сабибонтæй хъуыды кæны: ахуыр æй кодтой чысыл æмæ стыр Райгуырæн бæстæйæн кад кæныныл. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй Топазы мад Цуцаты Зæирæ активонæй æххуыс кæны хæстонтæн. Цæттæ кæны хусгонд хъæрхуыппытæ, акъоппы цырæгътæ, маскировкæгæнæн хызтæн лентытæ. Йæ алыварс баиу кодта йæ хæстæджыты æмæ хæлæртты. Зæирæ æнæфæллайгæйæ æмархайд кæны йæ уарзон волонтерон къорд «С любовью из Осетии»-имæ. Гуманитарон æххуыс æрвитыны хъуыддаджы сын æххуыс кæны адæмон фронт. Зæирæ куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг у, цæмæй хæстонтæ зоной, хæдзары сæм кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый.

Цуцаты Зæирæ у республикæйы волонтерты змæлды æппæтæй аиктивондæр архайджытæй иу. Йе *нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй чысыл бузныджы фыстæджытæ нæ райста алы бархион организацитæй. Фæлæ йын ахсджиагдæр уый нæй. Сæйрагдæр ын у, цæмæй хæстонтæ хъуаг мацæмæй æййафой æмæ æнкъарой аудындзинад.
Хæсты уæлахиз кæнынц, æрмæст хæцæнгæрзтæ кæй къухы сты, уыдон нæ. Уæлахиз хæстæгдæр кæнынц, фæсчъылдым хиуыл нæауæрдгæйæ æрвылбон хæстонтæн чи æххуыс кæны, уыдон дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania