филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:25 воскресенье, 05 мая 2024
08 сентября 2022, 10:21
Фæстаг 2 къуырийы фылдæр кæны, ковидæй  рынчынты нымæц, адæм арæхдæр æххуысмæ цæуынц поликлиникæтæм

Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæ ахæм уавæрмæ куыд цæттæ у, уый сбæрæг кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд

Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнтæм гæсгæ, фæстаг 2 къуырийы фылдæр кæны, ковидæй  рынчынты нымæц, адæм арæхдæр æххуысмæ цæуынц поликлиникæтæм. Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæ ахæм уавæрмæ куыд цæттæ у, уый сбæрæг кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æхснырсæг æви ковид? Низты фыццаг симптомтæ куы фæзынынц, уæд адæммæ сæвзæры ацы фарста. 7-æм поликлиникæйы сæйраг дохтыры хæдивæг Томайты Аллæйы ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæ арæхдæр райдыдтой дохтыртæм хæдзармæ дзурын. Фылдæр адæм цæуы æххуысмæ поликлиникæтæм дæр. Бацæуæны æнæмæнг хъæуы къухтæ антисептикæй бапырх кæнын, стæй скæнын маскæ.

Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ медицинон стационарты ис 80 рынчыны. 900 адæймаджы онг сæхи дзæбæх кæнынц амбулаторон хуызы. Тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны ковидон хайады куыст нæ ныллæууыд пандемийæйы райдианæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг 2 къуырийы госпитализацигонд рынчынты нымæц фылдæр кæны.

Фæлладуадзæн рæстæг фæцис. Скъолатæ байгом сты. Тæссаг у, ахуыргæнæндæтты инфекци кæй парахат кæндзæн, уымæй. Специалисттæ амонынц, æрвылбон аразын ахуырдзауты æнæниздзинады уавæры мониторинг.

Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæ цæттæ у ацы уавæрмæ. Стационарты ис хъæугæ препараттæ. Специалисттæ кæнынц æмбæлгæ æххуыс. Уымæй уæлдай, ковидон госпитальтæтаггуырæй хъуаг не ййафынц.

Уæззау фæстиуджытæм ма расайынæн æххуыс у раст прафилактикæ. Хъæуы гигиенæйы домæнтæ æххæст кæнын, маскæтæ дарын æмæ вакцинаци кæнын.

Эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, республикæйы фæкарздæр профилактикон мадзæлттæм цæстдард. Маскæтæ дарыны фæтк æххæстгонд цæуы æхгæд хуызы медицинон æмæ социалон уагдæтты. Æнæмæнг хъæуы уæлдæф æмæ уæлцъæрттæ санитарон æгъдауæй сыгъдæг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania