филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 воскресенье, 01 февраля 2026
28 июня 2022, 12:34
Фæстаг азты Цæгат Ирыстоны Федералон æмæ национ программæты фæрцы бирæ хорз хъуыддæгтæ арæзт цæуы

Се хсæн, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм арæзтæдтæ, сывæллæтты хъазæн фæзтæ, зæрдылдарæн бынæттæ

Фæстаг азты Цæгат Ирыстоны Федералон æмæ национ программæты фæрцы бирæ хорз хъуыддæгтæ арæзт цæуы. Се хсæн, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм арæзтæдтæ, сывæллæтты хъазæн фæзтæ, зæрдылдарæн бынæттæ. Радон, дыууæ азы куыстыты фæстæ, байгом Цыколайы. Хъæумæ бацæуæны, бирæ азты æвæгæсæг цы бынат уыд, уым сырæзт аив Уæлахизы парк, стæй Намысы Аллея. Сæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр нын йæ кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Æстайæм азты Цыколамæ бацæуæны, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты хъæппæрисæй цы Уæлахизы паркæн бындур æвæрд æрцыд, уый райста нырыккон хуыз. Уæд бакуыстой бынат сæнусон кæныныл – ныссагътой дзы бæлæсты талатæ. Кæд абон уыцы кадджын хистæртæй æгас ничи уал у, сæ ныссагъд бæлæстæ кæд арвмæ дзæвгар ацыдысты, уæддæр Æрæфы районы цæрджытæй никуы ферох ацы фæзы нысаниуæг. Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омары ныхæстæм гæсгæ бынаты рацарæзты фæрцы та ма йæ ахадындзинад фылдæр адæммæ хæццæ кæндзæн.

Дыууæ азы размæ, уæды Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, фидæны парчы бынат куы бабæрæг кодта, уæд бирæтæй уырнгæ дæр нæ кодта – ныхæстæ хъуыддæгтæй фенæн кæй уыдзæн, уый. Фæлæ, нысантæ царды сæ бынат ссардтой æмæ зæрдылдарæн, фæлладуадзæн бынат байгом кæныны кадджын мадзалы бон æрлæууыд.

Бынаты аивдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, дзы арзæт æрцыд тезгъо кæнæн бынат, спортивон ирхæфсæн бынат, сывæллæттæн хъазæн фæз, сæйрагдæр та Паркмæ бацæуæны сæнусон кодтой Æрæфы районæй рацæуæг хæствæллад хъæбатырты нæмттæ, ам сын бюсттæ сæвæргæйæ.

Афтæмæй, æппæт æрбацæуджыты зæрдыл дæр æрлæууын кодтой хъæбатырты цардвæндæгты хабæрттæ.
Уæвгæ,Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты хъæбатыр Махъоты Алихан æмæ Намысы Ордены æххæст кавалертæ Едзаты Æхсарбег, Юрчинко Иосиф æмæ Хъалаты Семены сгуыхтдзиндтæ хаст æрцыдысты историмæ. Зындгонд сты абоны сæрибар цардмæ цы æвæрæн бахастой, сæ уыцы хъуыддæгтæй.

Мадзалы бацархайынмæ Æрæфы районмæ хуынд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Хицауады, ветеранты Советы, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй бюстытæ цы хъæбатæртæн сæвæрдтой, уыдоны хиуæтты.

Ныр Æрæфы районы номарæн бонтыл ма бафыд иу – 24-æм июнь Уæлахизы парчы æмæ намысы Аллеяйы байгом. Уæлахизы паркмæ æрбацæуджытæн ма фæзынд гæнæн QR- кодты фæрцы хъæбатырты æмæ бынаты истори базонын. Уыцы æрхъуыды объектмæ хаст æрцыд, цыколайаг лæппу Баликъоты Сосланы фæсивæдон проектмæ гæсгæ.

Æрæфы районы культурæйы галуаны коллетив та, мадзалы архайджытæн бацæттæ кодта концертон программæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania