филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:14 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2020, 13:49
Фæстаг рæстæг Ирыстоны районты хъæутæ æмæ горæттæй хорзырдæм ивддзинæдтæ кæм не рцыд, ахæмтæ бирæ нæй

Сæ иу бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд

Фæстаг рæстæг Ирыстоны районты хъæутæ æмæ горæттæй хорзырдæм ивддзинæдтæ  кæм не рцыд,  ахæмтæ бирæ нæй. Сæ иу бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у.

Фæстаг азты Цæгат Ирыстоны хъæутæй ивддзинæдтæ кæм не рцыд, ахæмтæ бирæ нæй. Республикæйы сæргълæууæг районты хъæутыл зилгæйæ базоны адæмы мæт æмæ сын сæ лыгганинаг фарстатæ раиртасыныл бакусы. Дур-Дуры хъæуы сæрдар Цагъаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, рагæй дæр сæ хъæумæ ахæм цæстæнгас нал уыд. 

Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæджы фæстæ цалцæггонд æрцыд  Дур-Дуры сæйраг уынг дæр. Уæдæ Дзедаты Вадим та абон æнцонтæй рацæуы йæ хæдзарæй. Раздæр фæндаджы уавæр æвзæр кæй уыд, уымæ гæсгæ йын ахæм гæнæн нæ уыд.

Карантины фæстæ та ма, хъæуы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы ноджыдæр иу хорздзинад. Сæ амбулаторийы кусын райдайдзæн дæндæгтæ дзæбæхгæнæн кабинет.

Æмæ Дур-Дуры цæрджыты æндæр ранмæ цæуынц нал хъæудзæн æххуыс агур.

Уæдæ цард кæм цæуа, уым  лыггæнинаг фарстатæ алкæддæр уыдзæн. Ныр хъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц сæ съолатщы цалцæгмæ.

Ныртæккæ та ма тыхсынц бырттæ ласæн куыстуат йæ хæстæ афонадыл кæй не ххæст кæнынц, уыймæй. Цагъайы фырты ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй сæвзæрынц  кæм не мбæлы уыцы ран бырондæдтæ æмæ сæ уæд йæхи хъарутæй бафснайы.

Дур-Дур нымад у Ирыстоны хуыздæр хъæутæй иуыл. Ис дзы райдзас Культурæйы галуан, чингуытæ кæсæндон, дыууæ скъолайы, сывæллæтты хæдзар «Надеждæ», амбулатори. Сæйрагдæр та сты сæ раззагъды цæрджытæ. кæцытæ нæ зивæг кæнынц сæ уарзон хъæуы рæсугъд фидæныл кусынмæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania