филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:04 вторник, 16 декабря 2025
09 октября 2025, 10:35
Фæвæййы «Транскам» – Уæллаг Зджыд – Мацутæ»-йы фæндаджы 5 километры уаццаджы реконструкци

Зæйтæй æмæ ламидæттæй тæссаг хæйттыл сæвæрдтой сæрмагонд хыз

Фæвæййы «Транскам» – Уæллаг Зджыд – Мацутæ»-йы фæндаджы 5 километры уаццаджы реконструкци. Зæйтæй æмæ ламидæттæй тæссаг хæйттыл сæвæрдтой сæрмагонд хыз. Уый фæндаг хъахъхъæндзæн дуртæ хауынæй. Реконструкци æххæстгонд цæуы национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуой афæдзы кæронмæ. Бæлвырддæр радзудзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Денджызы æмвæзадæй 1400 метрæй фылдæр бæрзæндыл арæзтадон техникæ æнтыстджынæй кусы. Арæзтадон бригад æвæры асфальт. Уæллаг цъар фæцæттæ кæны, машинæтæ цæуæн хайы фæстаг метртæ лæгъз кæны каток. Уæвгæ, ацы хъуыддагыл 3 азы дæргъы архайд цæуы. Уаццагыл кусын зын у йæ ландшафты æмæ боны ахасты тыххæй.

Транскамæй Галоны онг  5 æмæ *рдæг километры дæргъæн фæндаджы хайыл ис 3 хъæуы, къæдзмæдзы фæндаг æмæ хæххон къуылдымтæ зæйтæй æмæ ламидæттæй тæссаг уаццæгтимæ. Арæзтадон организацийы раз æнцон хæс æвæрд нæ уыд. Фыццаджыдæр, хъуыд бахъахъхъæнын объект. Зæгъæм, дуртæ хауынæй. Уый тыххæй фæндаджы былтæ сæхгæдтой дывæр здыхт сæрмагонд хызæй. Йæ фæзуат – 38 мин квадратон метры. Æдасдзинады фарстатæм сæрмагонд æргом аздæхтой нырма проект цæттæ кæныны къæпхæны.

Былгæрæттæ фидаргæнæн конструкцитæ æвæрд сты донвæды дæргъмæ тæссаг уаццæгтыл. Цæугæдоны сæрты инженерон арæзтадты иу хай ногæй скодтой, иннæ хай у реконструкцигонд. Ацы объекты æдæппæтæй ис 7 ахизæны. Сæ фундаменты бындуртæ хъахъхъæд сты доны цыды тыхæй. Сæвæрдтой къæвдадæтты канализаци æмæ сыгъдæггæнæнтæ – 4 резервуары.

Алы къæпхæныл дæр куыстытæм цæст дары æрмæст арæзтадон нæ, фæлæ æндæр организацитæ дæр. Объекты уыцы иу рæстæг цалдæр уаццагыл фæллой кæны 50 адæймаджы онг, уымæ гæсгæ куыстытæ тагъд цæуынц, нысангонд фæткæй раздæр. Иутæ æвæрынц фæндаджы бырутæ, иннæтæ – нысантæ.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй объект 90 процентæн цæттæ у. Фæндаджы 5 æмæ *рдæг километры реконструкци æххæстгонд цæуы национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Арæзтадон куыстытæ хъуамæ афæдзы кæрон фæуой, фæлæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ ныридæгæн ахадгæйæ пайда кæнынц фæндагæй. Цæгат Ирыстоны профилон комитеты телеграм-каналы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ацы куыстыты фæстæ фæнд кæнынц иннæ уаццæгтæ дæр сног кæнын. Ныртæккæ цæттæ кæнынц проектон-сметон документаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania