22 июля 2024, 11:40
Фæззæджы Мæскуыйы уыдзысты Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры стыр гастрольтæ
Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ стыр гастрольтæ баст уыдзысты, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уый 250 азимæ.
Фæззæджы Мæскуыйы уыдзысты Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры стыр гастрольтæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы культурæйы министрад. 30-æм сентябры паддзахадон академион чысыл театры равдисдзысты спектакль «Паддзах Лир». Сæвæрдта йæ Уалыты Гиви. 1-æм октябры та Пушкины номыл театры уыдзæн режиссер Эльдар Трамовы «Овод»-ы равдыст. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ стыр гастрольтæ баст уыдзысты, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уый 250 азимæ.

темæмæ гæсгæ