филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:57 понедельник, 15 декабря 2025
01 ноября 2025, 11:08
Фæззыгон æмбырд «Профессионалон старттæ – Алания 2025» цæуынц санаторий Тæмисчъы

Архайдтой дзы 100 лæппу æмæ чызгæй фылдæр, 13 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ

Фæззыгон æмбырд «Профессионалон старттæ – Алания 2025» цæуынц санаторий Тæмисчъы. Архайдтой дзы 100 лæппу æмæ чызгæй фылдæр, 13 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Уæрæсейы 5 регионæй – Липецкы, Белгороды, Волгограды, Самарæйы облæсттæй æмæ Краснодары крайæ. Цыппар боны фæсивæдæн арæзт цæуынц ахуырадон модультæ. Бакуытой сыл Федералон центрты специалисттæ. Программæйы практикон хаймæ хауынц проектон лабораторитæ. Уым æмбырдты архайджытæ сæхи фæлварынц раздзоджы хуызы. Ныффысдзысты ма сæхи сценарий, æмæ уымæ гæсгæ чысыл форматы скæндзысты сæрмагонд мадзал. Уымæй дарддæр ма лæппутæ æмæ чызджытæ архайдзысты экскурситы æмæ фольклорон фембæлдтыты, стæй национ дæсныйадæвдисæг ахуырты кæфтытæй æмæ хæринаг кæнынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania