Аппаратон æмбырды республикæйы сæргълæууæг йе ргом аздæхта хъармгæнæн сезонмæ
Фæззыгон-зымæгон сезон хъарм хъуамæ хуыссыд ма цæуа, кæд фæткмæ гæсгæ, уæддæр арæх нæ, бадомдта Сергей Меняйло. Аппаратон æмбырды республикæйы сæргълæууæг йе ргом аздæхта хъармгæнæн сезонмæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъарм радтой республикæйы æппæт хæдзæрттæм дæр, Кутузовы уынджы 83-æм хæдзарæй фæстæмæ. Уым, æвæстиатæй ивынц хæтæлтæ. Сергей Меняйло ма бахæс кодта, цалынмæ каникултæ ис, уæдмæ ахуыргæнæндæтты хъармгæнæн системæимæ баст фарстатæ алыг кæнын. Æмбырды ныхас цыди, хъæуты культурæйы хæдзæртты педагогтæ кæй нæ фаг кæны, ууыл дæр. Регионы разамонæг культурæйы æмæ ахуырады министрадтæн бахæс кодта, цæмæй колледжты студентты æргом здахой куыстмæ, æмæ бакусой разæнгардгæнæн фиддонты системæйыл. Сергей Меняйло амæй размæ бахæс кодта, бырæтты камерæтæ сцалцæг кæнын, фæлæ йæ се ппæт хæдзæртты управленитæ нæ сæххæст кодтой. Республикæйы сæргълæууæг фæсидт, цæмæй скæной разамынддæттæг компаниты æмбырдтæ æмæ сæ хæстæ чи не ххæст кæны, уыдонæн исой сæ лицензитæ.




