филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
24 июня 2019, 12:15
Фарныхъæуы Дауыраты Илитæйы номыл байгом кодтой аллейæ æмæ йын сæвæрдтой цыртдзæвæн

Ирыстойнаг чызг Дауыраты Илитæйы хъæбатырдзинады тыххæй советон биплан У-2 сси æцæг легендæ.

Ныфсхаст, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Ацы миниуджытæ адæм æрымысынц, легендарон тæхæг Дауыраты Илитæйы кой куы фæкæнынц, уæд. Фарныхъæуы йæ номыл байгом кодтой аллейæ æмæ йын сæвæрдтой цыртдзæвæн.
Ацы къамыл цæуы 40 азы бæрц. Дауыраты Виталий у зындгонд æфсæддон тæхæджы хæрзхæстæг. Фронты Илитæйы схуыдтой «Дикæ». Ныфсхаст æмæ уæндон ирон чызджы хорз бахъуыды кодтой канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ фашистон Германы дæр. Тæхæг-штурмовик хæсты азты равдыста стыр хъæбатырдзинад, æмæ æрæппæрста знаджы дæсгай хæдтæхæджы. Иу хатт та Илитæ, уæлдæфы уæвгæйæ, бафиппайдта, цалдæр «мессеры» госпиталь æхсын куыд райдыдтой, уый. Иу уысм дæр нæ ахъуыды кодта, æмæ знæгты йæхирдæм расайдта. Иу хæдтæхæг рацыд йæ бакомкоммæ, фæлæ йæ ирон чызгæн иннæрдæм асайын бантыст. Немыцаг хæдтæхæг æрхауди зæхмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы бадти æппæтæй хуыздæр немыцаг тæхæг. Уацары уæвгæйæ йæ бирæ рæстæг нæ уырныдта, æрыгон чызг æй кæй æрæппæрста, уый. Афтæ тынг ыл бадис кодта, æмæ ма йын суанг сахат дæр балæвар кодта. Кæд хæсты азты дæргъы бирæ ахæм зæрдылдарæн цаутæ æрцыд, уæддæр Илитæ йæхи тыххæй дзурын нæ уарзта.
Хуыздæрыл хъуыды кæнын, уый нæ туджы ис, зæгъы Виталий. Чи зоны æмæ Илитæйæн ацы миниуæг баххуыс кодта, æмæ йын бантыст хæсты аирвæзын. Фæлæ йын цæмæй райдыдта, уый ныр дæр бирæты фтауы дисы. Бæлвырддæр та уыди афтæ. Фарныхъæуккаг чызг ахуыр кæнынмæ бацыд Харьковы тæхæн училищæмæ. Уым базонгæ Саламаты Харитонимæ. Кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты, æмæ сæ иумæйаг фидæныл хъуыды кæнгæйæ, снысан кодтой сæ чындзæхсæвы бон. 22 июль, 1941-æм аз. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбаддысты. Уыцы бон лæппумæ фæсидтысты фронтмæ.
Харитон æбæрæгæй фесæфт хæсты фыццаг мæйты. Чи зоны, æмæ йын йæ хæдтæхæг фехстой Севастополы рдыгæй. Илитæ та дарддæр тох кодта. Се ппæты дæр дисы фтыдта йæ лæгдзинадæй æмæ фидар удыхъæдæй. Уыимæ ма уыд тынг хæларзæрдæ адæймаг. Иу хатт чызг сфæнд кодта, Севастополы оккупацийы чи уыди, уыцы сывæллæттæн Ног азы бæрæгбонмæ лæвар скæнын. Æфсæддон устав фехалгæйæ, уæлдæфы уæвгæйæ, сабитæн йæ хæдтæхæгæй æрæппæрста заз бæлас. Уымæн æмæ йæ мбæрста, фидæн рæзгæ фæлтæрæй аразгæ кæй у, уый. Ахæм æнæмæлгæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, кæддæриддæр хъуыды кодта йæ райгуырæн хъæуыл. Ныр та дзы йæ номыл кафынц сывæллæттæ. Фарныхъæуы байгом кодтой аллейæ æмæ сæвæрдтой цыртдзæвæн. Дауыраты Илитæйы хъæуккæгтæ дзы тынг сæрыстыр сты. Кæнынц ын уæлдай кад. Йæ 100 азы бонмæ æрæмбырд æнæхъæн хъæу. Уымæн æмæ йæ æгæрон уарзтæй уарзынц, хъуыды кæнынц æмæ сæ зæрдыл дарынц.
Хæст тæригъæд никæмæн кæны. Фæцæф ныфсхаст Дикæ дæр. Илитæ бахауд знаджы æхстыты бынмæ. Йæ хæдтæхæг ныххауди денджызы. Фæлæ чызг нæ фæтарсти, йæхиуыл фæхæцыд, æмæ рагæпп кодта ихджын донмæ. Ам дæр та йын баххуыс кодтой уæларвон тыхтæ. Систой йæ дæлдон науы денджызонтæ. Фæстæдæр, Илитæ йæхимæ куы рцыди, уæд йе мслужбæгæнджытимæ фестад Хъырымы хъæу Чергуны. Уым се хсæн уыд æрыгон лæппу Валерий Волков. Ныййарджытæ йын нæ уыд. Амардтой сæ немыцæгтæ. Илитæ лæппуйы йæ базыры бын бакодта, суанг ма йæ хъомыл кæнынмæ дæр райсынмæ хъавыди. Фæлæ немыцæгты атакæйы рæстæг лæппу къæппæджы бахауд. Валерик амарди Илитæйы къухты. Цыди йыл æрмæстдæр 12 азы.
Ирыстойнаг чызг Дауыраты Илитæйы хъæбатырдзинады тыххæй советон биплан У-2 сси æцæг легендæ. Уыцы хæдтæхæг ис йæ цыртдзæвæны дæр. Иннæрдыгæй та – дæнцæгæнхæссинаг Илитæйы номыл æнæмæлгæ рæнхъытæ. Уыдон, æнæмæнг, кæсдзысты ныртæккæйы, æмæ фидæны фæлтæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania