филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:19 воскресенье, 01 февраля 2026
02 октября 2019, 17:05
Фатер райсыны тыххæй йе вæрæн чи бахаста, æмæ сайды чи бахауди, уыцы адæм райстой сæ цæрæнуæтты дæгъæлтæ

14 азы размæ æхца бахастой Къесаты Астаны уынджы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ. Аразæгæн йæ хæстæ сæххæст кæнын нæ бантысти.

Фатер райсыны тыххæй йе вæрæн чи бахаста, æмæ сайды чи бахауди, уыцы адæм райстой сæ цæрæнуæтты дæгъæлтæ. 14 азы размæ æхца бахастой Къесаты Астаны уынджы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ. Аразæгæн йæ хæстæ сæххæст кæнын нæ бантысти. Уымæ гæсгæ, объект эксплуатацийы радтын къухы нырма ныр бафтыди. Уал азы та 147 бинонтæ цыдысты алы инстанцитæм, æмæ курдтой æххуыс.

Бирæ азты кæмæ фенхъæлмæ кастысты, уыцы фатерты дæгъæлтæ райстой сæдæцыппор авд бинонтæ. Къесаты Астаны номыл уынджы хæдзар аразын райдыдтой 11 азы размæ. Фæлæ йæ эксплуатацийы радтой нырма ныр.

Ног фатерты хицæуттæн арфæйы ныхæстæ загъта Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæчстæ æххæстгæнæг Фæрниаты Тамерлан дæр.

Хæдзары цæрджытæ се нкъарæнтæ не мбæхсынц. Æмæ куыд нæ. Ацы цаумæ уал азы æнхъæлмæ кастысты.

Ног цæрæнуæттæ райсынмæ ма рады лæууынц 4 сæдæ адæймаджы. Уырны сæ искæд бон сæ бæллиц кæй сæххæст уыдзæни, æмæ сæхи фатерты кæй æрцæрдзысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania