Сæрмагонд æххуыс сын кæндзысты, цалынмæ хистæр сывæллоныл 18 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ
Владимир Путин бафыста сæрмагонд указ. Уый федералон æмвæзадыл сфидар кодта бирæсывæллонджын бинонты статус æмæ сбæвырд кодта, цавæр æххуысы мадзæлттæ сын æмбæлы, уый. Сæрмагонд æххуыс сын кæндзысты, цалынмæ хистæр сывæллоныл 18 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ. Комкоммæ фæткмæ гæсгæ чи ахуыр кæна, уыцы сывæллæтты номыл æххуысы мадзæлттæ исдзысты, цалынмæ йыл 23 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ — хъусын кæны агентад ТАСС. Уымæй дарддæр бирæсывæллонджын бинонтæн дæтдзысты социалон фиддонтæ сывæллæтты райгуырды фæдыл æмæ сæ хъомыл кæнынмæ. Æххуыс сын кæндзысты фæллойадон къабазы, бар сын уыдзæнис лæвар музейтæм, парктæм æмæ равдыстытæм цæуынмæ нæ бæстæйы цыфæнды регионы дæр. Уымæй дарддæр бирæсывæллонджын ныййарджытæн уыдзнис бар уæлæмхасæн профессионалон ахуырад райсынмæ, мадæлтæн та пенсимæ раздæр рацæуынмæ. Паддзахадон Думæйы Бинонты комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Татьянæ Буцкая бахаста фæндон, цæмæй 23 январь сфидар кæной куыд бирæсывæллонджын бинонты бон.




