филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:47 суббота, 21 сентября 2024
09 ноября 2012, 12:28
Федералон бюджетæй Цæгат Ирыстонæн радих кæндзысты уæлæмхасæн æхца

Уæрæсейы Федерацийы Советы арæзт æрцыд æмбырд. Ныхас дзы цыд, федералон бюджетæй нæ бæстæйы субъекттæм фæрæзтæ радих кæныныл. Сенатортæ ма æрныхас кодтой бюджетон кусджыты мызд фæфылдæр кæныныл.

Уæрæсейы Федерацийы Советы арæзт æрцыд
æмбырд. Ныхас дзы цыд, федералон бюджетæй нæ бæстæйы субъекттæм фæрæзтæ

радих кæныныл. Сенатортæ ма æрныхас кодтой бюджетон кусджыты мызд
фæфылдæр кæныныл. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгимæ бадзырды фæрцы 2013-æм
азы нæ республикæйæн радих кæндзысты уæлæмхасæн æхца. Бæлвырддæр
хабæрттæ нын телефонæй радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнг
РЦИ-Аланийæ Хацъæты Олег.

Хацъæты Олег, УФ-йы Федерацийы Советы
уæнг РЦИ-Аланийæ: «Ныртæккæ арæзт æрцыд бюджетты хсæн ахастдзинæдтæ
хуыздæр кæныны къамисы æмбырд. Уым рахастой уынаффæ, нæ республикæйæн
баххуыс кæныны тыххæй. Афтæмæй Цæгат Ирыстоны бюджетæн радих кæндзысты
500 милуан сомы. Уымæй уæлдай ма 400 милуан сомы дихгонд æрцæудзæн,
Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн, сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр
кæнынæн. Ахæм уынаффæ рахастой ме мкусджытæ, ныртæккæ чысыл раздæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania