филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:38 четверг, 26 июня 2025
11 декабря 2014, 17:40
Федералон фæндаг «Кавказ»-ыл æрцыд фæндаггон фыдбылыз

Заманхъулмæ хæстæг 19-азыдзыд лæппу «Мерседес»-ыл цæугæйæ, нæ сарæхст йæ машинæмæ æмæ бæласыл йæхи сцавта. Уыд дзы 5 бæлццоны.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытыты ныхæстæм гæсгæ шофыр уыд нозтджын. Машинæйы ссардтой бирæ бæгæныйы æвгтæ, бæлццæттæ дæр уыдысты расыг.

73554
Федералон фæндаг «Кавказ»-ыл æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Заманхъулмæ хæстæг 19-азыдзыд лæппу «Мерседес»-ыл цæугæйæ, нæ сарæхст йæ машинæмæ æмæ бæласыл йæхи сцавта. Уыд дзы 5 бæлццоны.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытыты ныхæстæм гæсгæ шофыр уыд нозтджын. Машинæйы ссардтой бирæ бæгæныйы æвгтæ, бæлццæттæ дæр уыдысты расыг.

Иу фæндаггон фыдбылыз ма абон райсомæй æрцыд Дзæуджыхъæуы. Лæгмæрдтæ дзы нæй, фæлæ тынг хъыгдард баййæфта 9-мæйыдзыд чызг. Ныртæккæ ис рынчындоны. Пъæлицæйæгтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй сывæллон уыд мады хъæбысы, уый та бадтис разæй, шофыры фарсмæ.

Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ныййарджытæ кæй не ххæст кæнынц фæндæгтыл цæуыны домæнтæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, машинæты не вæрынц сывæллæттæн сæрмагонд уромæн бадæнтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania