филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
26 ноября 2020, 11:33
Федералон фæндаг «Кавказ»-ы дарддæр цæуынц Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæгмæ уаццаджы рацарæзты куыстытæ

Фæллой дзы кæнынц 350 специалисты æмæ 150 техникæйы хуызæй фылдæр

Федералон фæндаг «Кавказ»-ы дарддæр цæуынц Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæгмæ уаццаджы рацарæзты куыстытæ. Фæллой дзы кæнынц 350 специалисты æмæ 150 техникæйы хуызæй фылдæр. Æхсæвæй-бонæй архайынц фæндаджы 57 километры банывыл кæныныл. Цалдæр уаццаджы ныридæгæн цæттæ сты эксплуатацийы раттынмæ, иннæ участоктыл та куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Фæндаггон кусджытæ æвæрынц алыхуызон кусæнгæрзтæ, цæмæй объект уа æдас æмæ хæрзхъæд. Мит кæй æруарыд, уый дæр фæллойгæнджыты архайдмæ бахаста ивддзинæдтæ. Æнæххæстбарджын æхсæнад «Ирдорстрой»-ы специалисттæ фæндаг ныссыгъдæг кодтой митæй, æмæ йæ бапырх кодтой змис æмæ цæххæй. Ацы азы кæронмæ ма баззади иу мæй, æмæ объекты рацарæзтыл чи кусы, уыдонæн алы бон дæр у тынг ахсджиаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania