филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:09 суббота, 21 сентября 2024
19 августа 2019, 14:45
Федералон фæндаг «Кавказ»-ы уаццаг Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы рацарæзт Цæгат Ирыстонæн у социалон æгъдауæй ахсджиаг хъуыддаг

Уæлдай тынгдæр æм æнхъæлмæ кæсынц Мæздæджы районы цæрджытæ

Федералон фæндаг «Кавказ»-ы уаццаг Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы рацарæзт Цæгат Ирыстонæн у социалон æгъдауæй ахсджиаг хъуыддаг. Уæлдай тынгдæр æм æнхъæлмæ кæсынц Мæздæджы районы цæрджытæ. Куыстыты цыдмæ сæ цæст дарынц куыд специалисттæ, афтæ дзуапдæттæг ведомствæтæ. Абон арæзтадон организацитæ уыцы-иу рæстæг кусынц фæндаджы 58-æм км 12 уаццагыл. Сæ размæ ис хæс æвæрд, 3 хиды саразын, 32 доны хæтæлы зæххы бынты ауадзын, газы æмæ электрон тыхы хæтæлтæ æндæр ранмæ аивын. Арæзтадон организаци «ИрСтрой-Инвест» куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæны Камбилеевкæйы цæугæдонмæ хæстæг, æвæрынц дзы цæджындзтæ. Фæстæдæр райдайдзæн Мæздæджы донхорыггæнæн къанауты рдыгæй архайын. Фæндаджы арæзтадмæ се вæрæн хæссынц бынæттон цæрджытæ дæр. Æрвылбон æххуыс кæнынц специалисттæн, исынц мызд дæр. Трассæйы рацарæзт кæронмæ фæуыдзæн 2020-æм азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania